Леуахийы былыл ацыдысты дзуарæфтыд ӕмӕ доныскъæфæнтæ

© Sputnik / Ада БагианХуссар Иры банысан кодтой Хуыцауы сыгъдӕг раргомдзинады бӕрӕгбон
Хуссар Иры банысан кодтой Хуыцауы сыгъдӕг раргомдзинады бӕрӕгбон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цӕрджытӕй иутӕ райстой дзуарӕфтыд, аннӕтӕ ӕвджыты хастой сыгъдӕг дон. Бирӕтӕ та ныццыдысты Леуахимӕ сӕхи найынмӕ - уырнынадмӕ гӕсгӕ Хуыцауы сыгъдӕг раргомдзинады бӕрӕгбоны дӕттӕ ахӕссынц адӕймагӕн йӕ тӕригъӕдтӕ.

ЦХИНВАЛ, 19 янв — Sputnik. Алайнаг епархийы динамонджытӕ Хуыцауы сыгъдӕг раргомдзинады бӕрӕгбоны саргъуыдтой сӕдӕйы онг адӕймагыл Леуахийы цӕугӕдоны, уыдон ӕхсӕн чысыл сабитӕ ӕмӕ ацӕргӕ кары адӕм дӕр, хъусын кӕны Sputnik уацхӕссӕг.

19 январы Хуссар Ирыстон, куыд ӕппӕт чырыстон дуне, нысан кӕны Хуыцауы сыгъдӕг раргомдзинады бӕрӕгбон. Ирон адӕм ма йӕ хонынц Доныскъӕфӕн дӕр. Ацы бон ӕппӕт дӕттӕ дӕр вӕййынц сыгъдӕг.

Бӕрӕгбоны цытӕн литургитӕ Цхинвалы сӕйраг аргъуаны райдыдтой къуырисӕры изӕрӕй ӕмӕ адарддӕр сты дыццӕджы райсом. Уый фӕстӕ рӕстдинонтӕ сарӕзтой дзуарцыд Леуахийы цӕугӕдонмӕ, цыран ацыд дзуарӕфтыд.

Алайнаг епархийы сӕргълӕууӕг, фыд Иаков ауагъта дон сыгъдӕг кӕныны мадзал, уый фӕстӕ райдыдта дзуарӕфтыд. Динамонӕг лӕууыд йӕ астӕуы онг цӕугӕдоны ӕмӕ афтӕмӕй уагъта дзуарӕфтыд. Доны былмӕ ӕрӕмбырд бирӕ адӕм. Фыццаг саргъуыдтой чысыл сабитыл, стӕй та хистӕр кары адӕмыл.

Хуыцауы сыгъдӕг раргомдзинады бӕрӕгбоны Цхинвалы скодта хъарм боныгъӕд. Леуахийы былгӕрӕтты ӕмӕ дзуарӕфтыд цыран цыд, уыцы бынӕтты ӕдасдзинад хъахъхъӕдтой Уӕлвӕткон уавӕрты министрады кусджытӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0