Арæнгæрон амонæг фехсыны инцидентыл æрдзырдтой ИÆАМ-ы фембӕлды

© Sputnik / Ада БагианХуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны ӕхсæн паддзахадон арæн
Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны ӕхсæн паддзахадон арæн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
ИÆАМ-ы форматы фембæлды рæстæджы фарсытæ æрдзырдтой Хуссар Ирыстоны арæнгæрон амонæг Гуырдзыстоны æрдыгæй фехсыны инцидентыл.

ЦХИНВАЛ, 21 янв — Sputnik. Æбæрæг гоймæгтæ Гырдзыстоны æрдыгæй фехстой Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны ӕхсæн паддзахадон арæныл æвæрд информацион амонæг, фехъусын кодта журналисттæн Инциденттæ ма æруадзын æмæ сæ аиуварс кæныны механизмты форматы фембæлды рæстæджы хуссарирыстойнаг делегацийы сæргълæууæг Санахъоты Дауыт.

"Гуырдзыстоны æрдыгæй æбæрæг гоймæгтæ фехстой Коркулайы хъæумæ æввахс æвæрд арæнгæрон амонæг. Æрæмбырдгонд информаци мах адæттам Евроцæдисы цæстдарджыты миссийы минæвæрттæм ӕмӕ ӕрдомдтам, цӕмӕй фидæны ахæм цаутæн бынат мауал уа", — загъта Санахъойы фырт фембæлды фæстæ.

Санахъоты Дауыт банысан кодта, фæстаг фембæлдæй фæстæмæ арæнхъахъхъæнджытæ банысан кодтой арæн фехалыны 18 цауы.

"Арæнсæтджытæй 10 уыдысты Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ, кæцытæ æмбæлон процедурæты фæстæ лæвæрд æрцыдысты Гуырдзыстоны фарсæн", — банысан кодта уыд.

Фембæлды хайадисджытæ ма бадзырдтой 5 февралы æртæварсон координацион механизмы хицæн фембæлд ауадзыныл, цыран дзырд цæудзæн Хуссар Иры æмбæстæгтæй æбæрæгæй чи фесæфт, уыдон фарстыл.

ИÆАМ-ы радон фембæлд уагъд æрцæудзæн 24 февралы.

Ног хабӕртты лентӕ
0