Уæззау рынчын сывæллæттæн Хуссар Ирыстоны æрæмбырд кодтой 45 мин сомы

© Sputnik / Виталий Аньков /  Ахизын медиабанкмæРынчын саби
Рынчын саби - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Акци "Араз хорз хъуыддæгтæ!" расидт æрцыд январы, æрæмбырдгонд фæрæзтæ ацæудзысты дыууæ уæззау рынчын сывæллон Багаты Илона æмæ Гæбæраты Миланайы хоскæнынадæн.

ЦХИНВАЛ, 12 фев — Sputnik. Хæрзаудæн акци "Араз хорз хъуыддæгтæ!"-йы фæлгæтты уæззау рынчын сывæллæттæн Хуссар Ирыстоны æрæмбырд кодтой 45 мин сомæй фылдæр, фехъусын кодтой Sputnik майрæмбоны акцийы аразджытæ.

Акци расидт æрцыд январы, уадзынц æй æнæкоммерцион организаци "Социологон анализы академи" (САА) æмæ "Мегафон — Хуссар Ирыстон".

"5 февралмæ хæрзаудæн акци "Араз хорз хъуыддæгтæ!" уæззау рынчын сывæллæттæн æрæмбырд 45 804 сомы", — загъта САА-йы минæвар.

Рынчын сабийы мад: ӕз кӕронмӕ тох кӕндзӕн мӕ чызджы цардыл

Фæрæзтæ рахицæн кæндзысты дыууæ чысыл чызджы — Багаты Илона æмæ Гæбæраты Миланайы хоскæнынадæн, уыдон бинонтæ æххуысы тыххæй бахатыдысты "Социологон анализы академи"-мæ ивгъуыд азы кæрон.

Цы хуызы ис баххуыс кæнын ацы сывæллæттæн, уый тыххæй бӕстон информаци базонæн ис Республикæ Хуссар Ирыстоны официалон порталыл.

"Мегафон — Хуссар Ирыстон"-ы æххуысæй САА фыццаг хатт нæ уадзы республикæйы ахæм акци. 2014 æмæ 2015 азты æрæмбырд кодтой фæрæзтæ уæззау рынчын æхсæзаздзыд Гасситы Анастасияйæн баххуыс кæныны нысанæн.

Ног хабӕртты лентӕ
0