Цхинвалы мысынц Афганистаны хӕсты амӕттӕгты рухс ном

© Sputnik / Фатима ПлиеваЦхинвалы мысынц Афганистаны хӕсты амӕттӕгты рухс ном
Цхинвалы мысынц Афганистаны хӕсты амӕттӕгты рухс ном - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хӕстон-интернационалисты цыртмӕ Цхинвалы дидинтӕ ӕрбахастой сӕдӕгай адӕймӕгтӕ - хицауады минӕвӕрттӕ, скъоладзаутӕ, хуссарирыстойнаг ӕмӕ уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ, цӕрджытӕ.

ЦХИНВАЛ, 15 фев — Sputnik. Цхинвалы къуырисӕры мысынц хӕстон-интернационалистты рухс ном, кӕцытӕ райгуырӕн бӕстӕйы ӕддейӕ дӕр намысджынӕй сӕххӕст кодтой сӕ хӕс. Хуссар Ирӕй Афганистанмӕ тох кӕнымӕ ацыд 200 ӕфсӕддоны, уыдонӕй ӕхсӕз нал сӕмбӕлдысты сӕ хӕдзӕрттыл, сӕ мӕлӕт ссардтой ӕцӕгӕлон зӕххыл.

Ацы боны цытӕн Цхинвалы, микрорайон БАМ-ы, цыран Афганистаны хӕсты ветерантӕн арӕзт цӕуы мемориалон комплекс, уагъд ӕрцыд цытджын мадзал. Хӕстон-интернационалисты цыртмӕ дидинтӕ ӕрбахастой сӕдӕгай адӕймӕгтӕ — хицауады минӕвӕрттӕ, скъоладзаутӕ, хуссарирыстойнаг ӕмӕ уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ, цӕрджытӕ.

© Sputnik / Фатима ПлиеваХӕстон-интернационалисты цыртмӕ дидинтӕ ӕрбахастой сӕдӕгай адӕймӕгтӕ
Возложение цветов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хӕстон-интернационалисты цыртмӕ дидинтӕ ӕрбахастой сӕдӕгай адӕймӕгтӕ

Митинг йӕ раныхасӕй байгом кодта РХИ хицауады сӕрдар Хъуылымбегты Доменти. Уый раарфӕ кодта Афганистаны хӕсты йӕ интернационалон хӕс чи сӕххӕст кодта, уыцы ӕфсӕддонтӕн, ӕмӕ банысан кодта, райгуырӕн бӕстӕ сӕ кӕддӕриддӕр кӕй у сӕрыстыр.

"Мах хъуамӕ макуы ферох кӕнӕм уыцы ӕфсӕддонты, кӕцытӕ ирон лӕг ӕмӕ Ирыстоны ном нӕ фӕхудинаг кодтой Афганистаны зӕххыл. Уыцы стыр хӕсты Ирыстоны фырттӕ сӕ нӕмтӕ ныффыстой сыгъзӕрин дамгъӕтӕй", — банысан кодта йӕ раныхасы премьер.

Цырты цур митинг адарддӕр кодта Хуссар Ирыстоны уӕвӕг уӕрӕсейаг цыппӕрӕм базӕйы ӕфсӕддон оркестры концерт. Уый фӕстӕ ӕрӕмбырдуӕвджытӕ араст сты Цхинвалы фӕндзӕм скъолайы кӕртмӕ, цыран се ‘нусон бынат ссардтой Ирыстоны сӕрвӕлтау тохы цы ӕфсӕддонтӕ бабын сты, уыдон. Се‘хсӕн, Афганистаны чи тох кодта, ахӕмтӕ дӕр.

© Sputnik / Фатима ПлиеваЦхинвалы мысынц Афганистаны хӕсты амӕттӕгты рухс ном
Возложение цветов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы мысынц Афганистаны хӕсты амӕттӕгты рухс ном

Йӕ дзӕнӕттаг ӕфсымӕры ном ӕрымысынмӕ ӕрбацыд Цхинвалы цӕрӕг Уалыты Фаризӕт дӕр йӕ бинтонтимӕ.

"Ме ‘фсымӕр Уалыты Виталий Афганистаны зӕххӕй рацыд фӕстаг ӕфсӕддонтимӕ, фӕлӕ уырдыгӕй куы ӕрыздӕхт, уӕд йӕ чысыл райгуырӕн бӕстӕйы хӕсты азары бахауд. Бирӕ цин кӕнын нын нӕ бантыст, сӕрӕгасӕй нӕм кӕй ӕрӕздӕхт — 1991 азы уалдзӕджы Гуырдзыстоны ныхмӕ тохты бабын. Нӕ йын баззад зӕнӕг ӕмӕ бинонтӕ", — радзырдта сылгоймаг.

Цхинвалы, микрорайон БАМ-ы 2015 азы сентябры райдыдта Афганистаны хӕсты ветерантӕн мемориалон комплексы арӕзтад. Комплекс арӕзт цӕуы Хуссар Ирыстоны сгуыхт нывгӕнӕг Цхуырбаты Тамерланы проектмӕ гӕсгӕ, кусынц ыл республикӕйы нымад нывгӕнджытӕ ӕмӕ скульпторты къорд. Уыдон курдиатджын архайды фӕстиуӕгӕн уал ацы бынаты фӕзынд къӕдзӕх дурӕй конд ӕфсӕддоны цырт. Фидӕны йӕ разы та сӕвзӕрдзӕн фӕлладуадзӕн парк ӕмӕ суадон.

Ног хабӕртты лентӕ
0