Спикер: зын у ӕмгар Ӕгъуызарты Тамерланы тыххӕй ивгъуыд рӕстӕджы дзурын

© Sputnik / Ада БагианРХИ парламенты спикер Бибылты Анатолий
РХИ парламенты спикер Бибылты Анатолий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕ Хуссар Ирыстоны парламенты номӕй тӕфӕрфӕс загъта спикер Бибылты Анатолий.

ЦХИНВАЛ, 19 фев — Sputnik. Бибылты Анатолий Хуссар Ирыстоны парламенты номӕй тӕфӕрфӕсы ныхӕстӕ загъта Цӕгат Ирыстон — Аланийы сӕргълӕууӕг Ӕгъуызарты Тамерланы амӕлӕты тыххӕй.

"Тамерланы амӕлӕтӕй мах фесӕфтам куырыхон ӕмӕ ирд къухдариуӕггӕнӕджы, Иры ӕхсӕнад баййӕфта ӕнӕбаххӕстгӕнгӕ зиан. Зын у ӕмгар Ӕгъуызарты Тамерланы тыххӕй ивгъуыд рӕстӕджы дзурын. Мах никуы ферох кӕндзыстӕм Тамерлан Кимы фырты райдзаст сурӕт ӕмӕ зӕрдӕхӕлардзинад. Ацы уӕззау рӕстӕджы йӕ бинонтӕ ӕмӕ йе ‘ввахс адӕмӕн дзурын ӕнцойы ныхӕстӕ", — загъта парламенты сӕрдар.

Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕууӕг йӕ цардӕй ахицӕн майрӕмбоны Мӕскуыйы клиникӕтӕй сӕ иуы.

Ног хабӕртты лентӕ
0