Корейаг инвестортӕ цӕттӕ сты Хуссар Иры медицинон уагдон саразынмӕ

© Архивное фотоДзауы рынчындон
Дзауы рынчындон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны нырыккон медицинон-диагностикон центры арӕзтады фӕстӕ цӕрджыты нал хъӕудзӕн хос кӕнынмӕ фӕсарӕнтӕм цӕуын, загъта президент.

ЦХИНВАЛ, 19 фев — Sputnik. Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕн фадат уыдзӕн бӕрзонд технологион медицинон ӕххуыс райсын бынаты, фехъусын кодта президент цӕрджытӕ ӕмӕ парламентмӕ ныстуаны рӕстӕджы.

Тыбылты Леонид банысан кодта, зӕгъгӕ, къорд амалиуӕггӕнӕджы равдыстой хъӕппӕрис Дзауы медицинон уагдон саразыны нысанӕн финансон фӕрӕзтӕ рахицӕн кӕныны фӕдыл.

"Мах нырма дӕр бахъӕуы кӕцыдӕр категорийы рынчынты хос кӕнынмӕ республикӕйӕ ӕддӕмӕ арвитын. Ивгъуыд азы уый нысанӕн бюджетӕй бахардз кодтам аст милуан сомӕй фылдӕр. Мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, ацы проблемӕ аскъуыддзаг кӕндзыстӕм корейаг инвесторты фӕрцы — Дзауы арӕзт ӕрцӕудзӕн, нырыккон домӕнтӕн дзуапп чи дӕтты, ахӕм медицинон уагдон", — загъта президент.

Уый банысан кодта, республикӕйы кӕй сараздзысты ӕппӕт ӕнӕмӕнгхъӕуӕг уавӕртӕ инвестортӕн.

Президенты ныхӕстӕм гӕсгӕ, уый фембӕлд инвестортимӕ, уый фӕстиуӕгӕн ифтонггарзы иу хай ныридӕгӕн ӕрластӕуыд республикӕмӕ.

"Уый уыдзӕн хосгӕнӕн-профилактикон уагдон иууыл раззагондӕр медициноно-диагностикӕйон ифтонггарзимӕ, уый нымӕцы магнитон-резонансон томограф дӕр", — загъта бӕстӕйы сӕргълӕууӕг.

Тыбылты Леонид банысан кодта, медицинон уагдоны скуыстимӕ Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕ фервӕздзысты хос кӕнынмӕ ӕндӕр бӕстӕтӕм цӕуынӕй, уыдон нымӕцы Гуырдзыстонмӕ дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0