Цхинвалы сӕнусон кодтой хъайтар Тасойты Иналы ном

© Sputnik / Плиты ФатимӕТасойты Иналы хӕдзарыл Цхинвалы бакодтой мемориалон фӕйнӕг
Тасойты Иналы хӕдзарыл Цхинвалы бакодтой мемориалон фӕйнӕг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ивгъуыд ӕнусы 90-ӕм ӕзты хӕсты хъайтар зӕххон цардӕй ӕвзонгӕй ахицӕн, фӕлӕ йӕхицӕн скодта ӕнусон ном. Цхинвалы Тасойты Инал (Коммунист) цы уынгыл цард, уый хӕссы йӕ ном. Йӕ хӕдзарыл та йын цыппӕрӕмы бакодтой мемориалон фӕйнӕг йӕ хуызистимӕ.

ЦХИНВАЛ, 25 фев — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Ирыстоны зынгхуыст хъайтар Тасойты Иналы хӕдзарыл Цхинвалы цытджын уавӕры бакодтой мемориалон фӕйнӕг йӕ хуызистимӕ.

Тасойты Иналы йе ‘мгӕрттӕ ӕмӕ 'ввахс адӕм уарзгӕйӕ хуыдтой "Коммунист". Уый активон хайад иста райгуырӕн бӕстӕ гуырдзиаг фашисттӕй бахъахъхъӕныны хъуыддаджы. 1991 азы цыппурсы Гуырдзыстоны ӕфсад куы ӕрбабырстой Цхинвалмӕ, уӕд уыцы тохты Коммунист ссардта йӕ мӕлӕт.

Мадзалмӕ фӕуазӕг сты республикӕйы къухдариуӕгад, ӕхсӕнады минӕвӕрттӕ ӕмӕ скъоладзаутӕ. Адӕм хастой дидинтӕ хъайтары хӕдзармӕ, йӕ разы ралӕууыд кадджын хъарагъул.

"Фӕсивӕдӕй ивгъуыд ӕнусы 90-ӕм ӕзты иууыл хуыздӕр йӕхи чи равдыста, уыдонӕй иу уыд Тасойты Инал. Бузныг зӕгъын йӕ ныййарӕгӕн, ахӕм хъӕбул нын кӕй схъомыл кодта. Мах та йын йӕ хъӕбатырдзинад нӕ зӕрдыл дардзыстӕм ӕнустӕм", — банысан кодта президент Тыбылты Леонид йӕ раныхасы.

© Sputnik / Плиты ФатимӕТасойты Иналы хӕдзарыл Цхинвалы бакодтой мемориалон фӕйнӕг
Тасойты Иналы хӕдзарыл Цхинвалы бакодтой мемориалон фӕйнӕг  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тасойты Иналы хӕдзарыл Цхинвалы бакодтой мемориалон фӕйнӕг

Уый ма ныфс бавӕрдта, азы дӕргъы горӕтты ӕмӕ районты конд кӕй ӕрцӕудзысты ахӕм зӕрдылдарӕн цыртытӕ бӕстӕйы ӕндӕр зынгхуыст хъайтартӕн дӕр.

Ӕрӕмбырдуӕвджытӕн бузныджы ныхӕстӕ загъта Иналы ныййарӕг Бекъойты Тамарӕ, йӕ фыртӕн ын кӕй скад кодтой, уый тыххӕй.

"Ацы бонмӕ тынг ӕнхъӕлмӕ кастӕн ӕмӕ йӕ ‘рыййӕфтон. Мӕ хъӕбулы лӕггӕдтӕ ӕнӕхъуаджы нӕ фесты. Бузныг уын уе ‘рхъуыдыйы тыххӕй", — загъта уый.

18 январы Коммунистыл сӕххӕст уыдаид 55 азы. Тасойты Инал Цхинвалы цы уынгыл цард, уый абон хӕссы йӕ ном.

Ирыстоны хъайтар Тасойты Иналы хӕдзарыл бакодтой мемориалон фӕйнӕг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирыстоны хъайтар Тасойты Иналы хӕдзарыл бакодтой мемориалон фӕйнӕг
Ног хабӕртты лентӕ
0