Хуссар Иры инвалидтæн баххуыс кӕндзысты Гагрæйы протезӕвæрæн центры

© Sputnik / Михаил Мокрушин /  Ахизын медиабанкмæСухум
Сухум - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Центрмæ фыццаг ацæудзæн 28-аздзыд Хуыгаты Денис, кæцы 2008 азы августы фесæфта йæ къах.

ЦХИНВАЛ, 9 мар — Sputnik, Козаты Дианæ. Хуссар Ирыстоны хæсты инвалидтæ æввахс рæстæджы ацæудзысты Абхазы протезæвæрæн центрмæ, фехъусын кодта Sputnik Хуссар Ирыстоны хæстон архæйдтыты рæстæджы инвалидтæ чи ссисты, уыцы Фæцæфуæвджыты хъахъхъæныны фонды президент Плиты Мадинæ.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, фонды дæс адæймагæй протезты хъуагдзинад чи æййафы, уыдонæй иу ацæудзæн æфсымæрон Абхазмæ ацы къуыри.
Хуссарирыстойнаг организаци фарон баныхас кодта Абхазы Фыдыбæстæйон хæсты инвалидты фондимæ æмгуыстады фæдыл бадзырд бафыссыныл. Документмæ гæсгæ æмгуыстад цæудзæн æрмæст гуманитарон къабазы нæ, фæлæ ма хуссарирыстойнаг инвалидтæн протезтæ аразыны хъуыддаджы.

"Æдæппæт нæ фонды ис дæс æрыгон лæппуйы, кæцытæ ссисты инвалидтæ Хуссар Ирыстон гуырдзиаг агрессийæ бахъахъхъæныны рæстæджы. Фыццаг протез æвæрынмæ ацæудзæн Хуыгаты Денис, кæцы йæ къах фесæфта 2008 азы августы. Ныртæккæ йыл цæуы 28 азы", — загъта Плиты Мадинæ.

Плиты Мӕдинӕ: инвалидтӕ сӕхи рохуаты хъуамӕ макуы хатой

Уый банысан кодта, хуссарирыстойнаг инвалидтæн абхазаг президент Рауль Хаджимбайы хæслæвæрдæй кæй баххуыс кæндзысты Гагрæйы протезтæ æвæрæн центры. Плиты Мадинæ ма бафтыдта, Абхазы сæргълæууæг æрæджы сæ фембæлды рæстæджы йæхæдæг кæй бахаста фæндон инвалидтæн Гагрæйы протезæвæрæн центры æххуыс бакæнынӕн.

"Нæ лæппутæн операцитæ сараздзысты Гагрæйы нырыккон медицинон центры. Нæ къух нын сарæзтой æмæ сын операцийы аргъ слæудзæн дыууæ хатт асламдæр", — банысан кодта фонды сæргълæууæг.

Уый ма бахахх кодта, фонды проекттæ иууылдæр æххæст кæй цæуынц президент Тыбылты Леониды æххуысæй.

1989-2008 ӕзты дӕргъы Хуссар Иры территорийыл хӕстон архайдтыты фӕстиуӕгӕн фӕцӕфуӕвджыты ӕмӕ инвалидты фонд арӕзт ӕрцыд 2005 азы. Организаци ӕххуыс кӕны, хӕсты йе ‘нӕниздзинад кӕмӕн фӕцудыдта, ахӕмтӕн хос кӕныны хъуыддаджы. Фонды сконды ис 200 адӕймагӕй фылдӕр. Фыццаг рады ӕххуыс цӕуы фӕцӕфуӕвджыты уӕззау категоритӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0