Хуссар Ирыстоны рӕстдинонтӕ бахызтысты Стыр Комдарӕны

© Sputnik / Ада БагианХуссар Ирыстоны рӕстдинонтӕ бахызтысты Стыр Комдарӕны
Хуссар Ирыстоны рӕстдинонтӕ бахызтысты Стыр Комдарӕны - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
48 боны дӕргъы рӕстдинонтӕ сӕ аходӕнтӕй айсдзысты фыдызгъӕл ӕмӕ урсаджы хӕлцад, сӕхи хиздзысты фыдуаг митӕй ӕмӕ тӕригъӕдтӕй. Аргъуанты ӕппынӕдзух цӕудзысты Хуыцаумӕ скуывдтытӕ.

ЦХИНВАЛ, 14 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны рӕстдинонтӕ бахызтысты къуырисӕры Стыр Комдарӕны — чырыстон дунейы иууыл карздӕр мархойы.

48 боны дӕргъы рӕстдинонтӕ сӕ аходӕнтӕй айсдзысты фыдызгъӕл ӕмӕ урсаджы хӕлцад, сӕхи хиздзысты фыдуаг митӕй ӕмӕ тӕригъӕдтӕй. Аргъуанты ӕппынӕдзух цӕудзысты Хуыцаумӕ скуывдтытӕ.

Комдарӕн райдыдта хатыргӕнӕн хуыцаубонӕй — рӕстдинонтӕ кӕрӕдзийӕ ӕмӕ хуыцауӕй ракуырдтой хатыртӕ, цӕмӕй мархомӕ бахизой сыгъдӕг ӕмӕ рог зӕрдӕйы уагимӕ.

Алайнаг епархийы сӕргълӕууӕг, фыд Иаков Sputnik куыд радзырдта, афтӕмӕй комдарӕны иууыл карздӕрӕй ӕххӕст кӕнинаг сты фыццаг ӕмӕ фӕстаг къуыритӕ.

"Стыр Комдарӕнӕй чырыстонтӕ сӕ азы царды дӕсӕм хай снывонд кӕнынц Хуыцауӕн. Мархойы фыццаг къуыри ирон адӕммӕ рагзамантӕй хонынц Тутыртӕ. Ацы бонты нырма фых хӕринагӕй дӕр нӕй гӕнӕн аходӕн кӕнын. Комдарӕны фыццаг цыппар боны ӕнӕмӕнгхъӕуӕг у аргъуанмӕ Сыгъдӕг Андрей Критскийы Канонтӕм цӕуын", — радзырдта динамонӕг.

Фыд Иаковы ныхӕстӕм гӕсгӕ, комдарӕны бонты алы адӕймагӕн дӕр сӕйраг у йӕхи ӕрмӕст хӕлцӕй нӕ, фӕлӕ тӕригъӕдтӕй бауромын.

"Ацы карз бонты мах хъуамӕ нӕхи бахизӕм мӕстыгӕрдзинадӕй, ӕрхӕндӕгӕй, искӕй фыдкоййӕ, ма цӕуӕм алыгъуызон хиирхӕфсӕн бынӕттӕм ӕмӕ мадзӕлттӕм, телеуынынады алӕвӕрдтӕм ма кӕсӕм. Комдарӕны рӕстӕджы цӕхгӕр нӕй гӕнӕн моймӕ цӕуын кӕнӕ ус курын. Комдарӕны фыццаг хатт чи бацыд, уыдон ӕй нысан кӕнынц фӕрогдӕргондӕй", — загъта фыд Иаков.

Афтӕ ма уый банысан кодта, комдарӕны дыккаг, ӕртыккаг ӕмӕ цыппӕрӕм майрӕмбонтӕ кӕй сты мӕрдты мысӕн бонтӕ — лауызгӕнӕнтӕ.

Стыр комбӕнттӕн ахӕсдзӕн 48 боны дӕргъы — 30 апрелы онг, фыццӕгӕм майы та рӕстдинонтӕ банысан кӕндзысты чырыстон дунейы иууыл стырдӕр бӕрӕгбӕттӕй сӕ иу — Куадзӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0