Ирон фыссӕг Тадтаты Тамерланы уацмыстӕ номинаци ӕрцыдысты "Русская Премия"-мӕ

© Архивное фотоФыссӕг Тадтаты Тамерлан
Фыссӕг Тадтаты Тамерлан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Премийы номинаци "Малая проза"-мӕ бацыд 11 фыссӕджы куыстытӕ, уыдон ӕхсӕн не ‘мзӕххон Тадтаты Тамерланы уацмыстӕ дӕр.

ЦХИНВАЛ, 18 мар — Sputnik. Ирон фыссӕг Тадтаты Тамерланы уацмысты ӕмбырдгонд "Избранные рассказы" бацыд ӕхсӕнадӕмон литературон конкурс "Русская Премия"-йы претендентты номхыгъдмӕ, хъусын кӕнынц конкурсы организатортӕ.

Литературон конкурсы оргкомитет ныммыхуыр кодта премийы претендентты рауӕрӕхгонд номхыгъд. Уырдӕм бацыдысты 34 фыссӕджы дунейы 13 бӕстӕйӕ, уыдон ӕхсӕн Тадтаты Тамерлан дӕр. Уый йӕ куыстытӕ бавдыста номинаци "Малая проза"-мӕ.

Тадтаты Тамерлан куыд фехъусын кодта Sputnik, афтӕмӕй ацы конкурсы фыццаг хатт нӕ исы хайад — 2008 азы райста конкурсы дыккаг преми.

Тадтаты Тамерлан - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Суадон"-ӕн Каннаг фестивалы уыд стыр ӕнтыст - сценарист

"Ныфс мӕ ис, ацы аз дӕр мын мӕ уацмыстӕн аккаг аргъ кӕй скӕндзысты", — загъта фыссӕг.

Конкурсы цыбыр номхыгъд фӕбӕрӕг уыдзӕн 31 марты. Иууыл ӕнтыстджындӕр литератортӕ хорзӕхджын ӕрцӕудзысты 26 апрелы цытджын церемонийы рӕстӕджы Мӕскуыйы.

Тадтаты Тамерлан райгуырд Хуссар Ирыстоны 5 июлы 1966 азы. У 1989-1992, 2004, 2008 ӕзты хӕстон архӕйдтыты активон хайадисӕг. Цалдӕр хатты райста цӕфтӕ. Йӕ радзырдты фылдӕр бӕрцӕй дзырд цӕуы хуымӕтӕг цхинвайлаг лӕппутыл, кӕцытӕ Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад ӕмӕ сӕрибардзинады тыххӕй нӕ бахӕлӕг кодтой сӕ цард дӕр. Тамерланӕн ныридӕгӕн рацыд ӕмдзӕвгӕты ӕмӕ уацмысты цалдӕр ӕмбырдгонды.

Ног хабӕртты лентӕ
0