Парламент тобæ сæвæрдта Хуссар Иры территоримæ хъæстæ æвзарæнтæ æрбаластыл

© Sputnik / Ада БагианРХИ парламент
РХИ парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Закъон тобæ æвæры хъæстæ æвзарæнты æрбаластыл, афтæ ма Хуссар Ирыстоны территорийыл сæ ныгæныныл. Закъоны ног редакци депутаттæ иумæйагæй банымадтой хорзыл.

ЦХИНВАЛ, 22 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны парламент райста зæххæй пайдакæныны фæдыл закъон, кæцымæ гæсгæ тобæгонд у республикæмæ хъæстæ æвзарæнтæ ласын æмæ йӕ територрийыл радиоактивон æмæ æндæр хъæстæ æвзарæнтæ ныгæнын.

Сæудæджерад, арæзтад, транспорт æмæ æрдзон русурсты фæдыл комитеты сæргълæууæг Тедеты Русланы ныхæстæм гæсгæ, президент æмæ парламенты минæвæрттæй конд разыгæнæн къамис бакуыста законопроекты хуызыл, кæцы рахаст æрцыд депутатты æркастмæ.

"Закъоны проектмæ гæсгæ, Хуссар Ирыстоны тобæгонд у йæ зæххыл радиоактивон æмæ æндæр хъæстæ æвзарæнтæ ныгæнын, кæцытæ сæвзæрдысты республикæйы æппæт территорийыл. Уыдон утилизацийы фæдыл мадзæлттæ ист цæуынц хицауады уынаффæмæ гæсгæ", — загъта Тедеты Руслан.

Уымæй дарддæр ма, закъонмæ гæсгæ, тобæгонд у Хуссар Ирыстоны территоримæ цыфæнды хъæстæ æвзарæнты æрбаласт. Уæлдæр банысангонд нысæнтты тыххæй зæххæй пайдакæнынады фæдыл бар райсыны куырдиæттæ республикæйы хицауад нæ исдзæн.

Абоны закъоныпроект депутаттæ райстой æмхъæлæсæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0