"Бонвӕрнон"-ы юбилейон концерт Цхинвалы ӕрӕмбырд кодта йедзаг зал

© Sputnik / Алексей Ковалев"Бонвӕрнон"-ы юбилейон концерт Цхинвалы
Бонвӕрнон-ы юбилейон концерт Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
"Бонвӕрнон" йӕ юбилейон концерты равдыста хуыздӕр номыртӕ зарынӕй, аив кӕсынӕй, музыкалон иструменттыл цӕгъдынӕй ӕмӕ кафынӕй. Сфӕлдыстадон изӕры архайдтой канд скъола-студийы ахуырдзаутӕ нӕ, фӕлӕ ма сӕ рауагъдонтӕй кӕцыдӕртӕ дӕр.

ЦХИНВАЛ, 30 мар — Sputnik. Цхинвалы сывӕллӕтты скъола-студи "Бонвӕрнон" йӕ 15 азы юбилейы цытӕн бӕрӕгбонон концертмӕ ӕрӕмбырд кодта йедзаг зал. Профцӕдисты бӕстыхаймӕ аивдзырды чысыл дӕснытӕ, вокалисттӕ ӕмӕ кафджыты арӕхстдзинадӕн саргъ кӕнынмӕ уыйбӕрц адӕм ӕрбацыд ӕмӕ сын залы ӕрбадӕн дӕр нал уыд.

Концерт ахаста дыууӕ сахатӕй фылдӕр. Райдайӕны уал скъола-студийы хъомылгӕнингӕтӕ равдыстой музыкалон инстурменттыл цӕгъдыны номыртӕ.

Адӕмы размӕ рахастой номдзыд композитортӕ Михаил Глинка, Иоганн Мендель, Фредерик Шопен, Ӕлборты Феликс ӕмӕ бирӕ ӕндӕрты уацмыстӕ. Уый фӕстӕ ахуырдзаутӕ аив кастысты Хетӕгкаты Къоста, Марина Цветаева ӕмӕ ӕндӕр номдзыд поэтты ӕмдзӕвгӕтӕ. Чысыл артисттыл адӕм ӕмбӕлдысты тыхджын къухӕмдзӕгъдимӕ. Уыдоны курдиат бамбӕрзта, рӕстӕгӕй рӕстӕгмӕ-иу залы цы техникон згъуыдтытӕ фӕзынд, уыдон дӕр.

© Sputnik / Алексей Ковалев"Бонвӕрнон"-ы юбилейон концерт Цхинвалы
Концерт школы-студии Бонварнон - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Бонвӕрнон"-ы юбилейон концерт Цхинвалы

Скъола-студи "Бонвӕрнон" арӕзт ӕрцыд 2001 азы Цхинвалы дыккӕгӕм астӕуккаг скъолайы дӕлбар. Ныридӕгӕн ам аивады хицӕн здӕхӕнтыл цайдагъ кӕнынц 60 ахуырдзауӕй фылдӕр. Уыдон "Бонвӕрнон" цӕттӕ кӕны музыкалон инструменттыл цӕгъдынӕй, аив кӕсынӕй, зарынӕй ӕмӕ ритмикӕйӕ.

Скъола-студи "Бонвӕрнон"-ы артисттӕ ма ӕнтыстджынӕй архайынц алыгъуызон конкурсты. Ссисты Турчы, Дзӕуджыхъӕуы ӕмӕ ӕндӕр горӕтты уагъдцӕуӕг конкурсты призертӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0