Хуссар Иры фæфылдæр уыдзысты машинæты растаможкæйы фæдыл тарифтæ

© Sputnik / Владимир Иванов /  Ахизын медиабанкмæУадзӕн пункт "Уӕллаг Ларс"
Уадзӕн пункт Уӕллаг Ларс - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикæйы хицауад сфидар кодта таможнæйон фиддонты ног æргътæ.

ЦХИНВАЛ, 31 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстонмæ фæсарæнтæй цы машинæтæ кæнынц, уыдон растаможкæйы тарифтæ фæфылдæр уыдзысты дыууæ хатты, фехъусын кодта Sputnik республикæйы паддзахадон таможнæйон комитеты сæргълæууæг Цхуырбаты Мурæт.

Таможнæйон фиддонты ног æргътæ фидар æрцыдысты, æртыццæджы цы хицауады æмбырд уагъд æрцыд, уый рæстæджы. Уыдон сæ тыхы бацæудзысты республикон массон информацийы фæрæзты ныммыхуыры фæстæ.

"Тарифтæ фæфылдæр уыдзысты 1,5 — 2 хатты. Махмæ сæйраджыдæр кæнынц, авд азæй фылдæр кæуыл цæуы, ахæм машинæтæ. Зæгъæм, абоны онг моторы бæрцуат 1,7 æмæ 2,5-3 литры цы фæсарæйнаг машинæтæн у, уыдон растаможкæ кæд лæууыд 1, 7 æмæ 4, 5 мин сомы, уæд ног тарифтæ сæ тыхы бацыды фæстæ та ацы суммæтæ фæфылдæр уыдзысты дыууæ хатт", — загъта Цхуырбаты Мурæт.

Уый ма банысан кодта, ома кæд машинæйы аргъ у 300 — 400 мин сомы, уæд йæ растаможкæ зынаргъ не слæудзæн йæ хицауæн. Фæлæ моторы бæрцуат 5,5 литры цы машинæйæн у, уый растаможкæйæн та хицау хъуамæ бафида 30 мин сомы.

"Ног уагæвæрд фæахъаз уыдзæн паддзахадон бюджетмæ æфтиæгтæ дыууæ хатты фæфылдæр кæнын", — банысан кодта Цхуырбаты Мурæт.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, машинæтæ растаможкæ кæнынæй фарон паддзахадон бюджетмæ бацыд фараст милуан сомы.

Ног хабӕртты лентӕ
0