Хуссар Ир, Абхаз, Донецк æмæ Луганскы парламенттæ бафыстой æмгуыстады фæдыл бадзырд

© Sputnik / Диана Козаева Хуссар Ир, Абхаз, Донецк æмæ Луганскы парламенттæ бафыстой æмгуыстады фæдыл бадзырд
Хуссар Ир, Абхаз, Донецк æмæ Луганскы парламенттæ бафыстой æмгуыстады фæдыл бадзырд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Æртæ документ дæр рагхыгъд кæнынц депутатты, парламентон комитеттæ æмæ къамисты æхсæн комкоммæ ахастыты размæцыд, закондæттæн актты фæдыл информаци кæрæдзийæн бавдисын æмæ иумæйаг парламентон æмбырдтæ уадзын.

ЦХИНВАЛ, 11 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстоны парламент бафыста бадзырд Абхазы парламентимæ, Донецкаг æмæ Луганскаг республикæты закондæттæн органтимæ та æмгуыстад кæныны фæдыл меморандумтæ.

"Нæ республикæты (Хуссар Ирыстон æмæ Абхаз) æхсæн ахастытæ активонæй размæ цæуынц æмæ сты бæрзонд æмвæзадыл. Мах рагæй фæнд кодтам æмгуыстады фæдыл бадзырд бафыссын, кæцы юридикон æгъдауæй бафидар кæндзæн нæ рагон хæларадон æмæ партнерон ахастытæ", — загъта РХИ парламенты спикер Бибылты Анатолий.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, дыууæ парламент хъуамæ адих кæной сæ фæлтæрдзинад æмæ комитетты куысты схемæтæ, законыпроекттыл бакуысты рæстæджы æмгуыстад.

Æртæ документ дæр рагхыгъд кæнынц депутатты, парламентон комитеттæ æмæ къамисты æхсæн комкоммæ ахастыты размæцыд, закондæттæн актты фæдыл информаци кæрæдзийæн бавдисын æмæ иумæйаг парламентон æмбырдтæ уадзын.

Ног хабӕртты лентӕ
0