Хъахъхъæнынады министрады æфсæддон оркестр хоны йӕ рӕнхъытӕм музыкантты

© Sputnik / Ада БагианХъахъхъæнынады министрады æфсæддон оркестр
Хъахъхъæнынады министрады æфсæддон оркестр - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Музыкалон ахуырад æнæмæнгхъæуæг нæу, оркестры цæгъдын кæй фæнды, уыдонимæ дыууæ мæй кусдзысты развæлгъау.

ЦХИНВАЛ, 14 апр — Sputnik. Хъахъхъæнынады министрад фехъусын кодта, кæй хоны чызджыты æмæ лæппуты æфсæддон оркестры скондмæ, загътой Sputnik ведомствӕйы пресс-службæйы. Къордмæ бацæуынæн музыкалон ахуырад æнæмæнгхъæуæг нæу.

"Æфсæддон оркестры цæгъдын цы фæсивæды фæнды, уыдонимӕ уал райдайæн этапы ауадздзысты беседæ, уый фæстæ ахуыргæнджытæ æрæвналдзысты уыдон музыкалон инструменттыл цайдагъ кæнынмæ. Ахуыры курс цӕудзӕн дыууæ мæйы оркестры хистæр Гæбæраты Александры къухдарды бын", — радзырдтой хъахъхъæнынады министрады.

РХИ хъахъхъæнынады министрады æфсæддон духовон оркестр арæзт æрцыд æмæ йæ архайд райдыдта 1996 азы. 20 азы мидæг оркестры хайадистæй уагъд цæуынц хъахъхъæнынады ведомствӕйы иууыл ахсджиагдæр мадзæлттæ.

Ныртæккæ оркестры ис фондз музыканты, цæуы сыл 40 азæй фылдæр. Ног музыканттæ райсыны фæстæ министрады къухдариуæгад фæнд кæны инструментты æмæ музыкантты нымæц фæфылдæр кæнын.

Оркестр æрвылрайсом цæгъды хъахъхъæнынады министрады мотоæхсæн батальоны райсомон басгæрсты рæстæджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0