Хуссар Ирыстоны æрæвнæлдтой Уæлахизы Парады репетицитæм

© Sputnik / Ада БагианÆфсæддон парад Цхинвалы, архивон къам
Æфсæддон парад Цхинвалы, архивон къам - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хъахъхъæнынады министрады парадон къордтæй дарддæр ма парады хайад райсдзысты мидхъуыддӕгты министрады, паддзахадон ӕдасдзинады комитеты, уæрæсейаг æфсæддон базæ æмæ УФ Арæнгæрон управленийы дæлхæйттæ.

ЦХИНВАЛ, 15 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнынады министрады сæрмагонд къорд æрæвнæлдта Уæлахизы Парады репетицитæм, фехъусын кодтой Sputnik ведомствӕйы пресс-службæйы.

Æфсæддон парад горæт-хъайтар Цхинвалы ацæудзæн 9 майы Советон Цæдисы адæмы Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фæуæлахизы 71 азы сæххæсты цытæн.

"Æфсæддон оркестры хайадистæй парадон къордты репетицитæ уагъд цæуынц æрвылбон 13 апрелæй фæстæмæ Уæрæсейы хъахъхъæнынады министрады цыппæрæм гвардион æфсæддон базæйы плацыл. Æфсæддон техникæйы хайадистæй парады генералон репетици та уагъд æрцæудзæн Цхинвалы Театралон фæзуатыл 7 майы", — загътой пресс-службæйы.

Цхинвайлаг кадеттæ маршæй ацыдысты "Поклонная гора"-йыл

Хъахъхъæнынады министрады парадон къордтæй дарддæр ма парады хайад райсдзысты мидхъуыддӕгты министрады, паддзахадон ӕдасдзинады комитеты, уæрæсейаг æфсæддон базæ æмæ УФ Арæнгæрон управленийы дæлхæйттæ.

Хуссар Ирыстоны æфсæддон парадты историйы дыккаг хатт хайад райсдзысты РХИ Хъахъхъæнынады æмæ мидхъуыддæгты министрæдты дæлхæйттæ.
Парадæн командæ кæндзæн РХИ Гарзджын тыхты генералон штабы сæргълæууæг, инæлар-майор Цъæритты Тамерлан.

Ног хабӕртты лентӕ
0