Социалон проектты конкурс расидтысты Хуссар Иры

© Sputnik / Ада БагианЦхинвал
Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуыздӕр социалон проектты автортӕ райсдзысты 100-йӕ 700 мин сомы онг гранттӕ сӕ фӕнд сӕххӕст кӕнынӕн.

ЦХИНВАЛ, 21 апр — Sputnik. Социалон нысаниуӕгджын проект сӕххӕст кӕныны нысанӕн грант райсыны фӕдыл Хуссар Иры расидтысты конкурс, фехъусын кодтой Sputnik фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитеты.

Конкурсмӕ ист цӕуынц ахӕм социалон проекттӕ, кӕцыты реализацийы хӕрдзтӕ 700 мин сомӕй нӕ хизынц. Куырдиӕттӕ ист цӕудзысты 21 апрелӕй 4 маймӕ.

"Организатортӕ райсдзысты 50 проекты, науӕд конкурсӕн сараздзысты дыккаг этап — куырдиӕттӕ исыны ӕмгъуыд фӕфӕстӕдӕр кӕндзысты майы кӕронмӕ. Конкурсы фӕткмӕ гӕсгӕ, проектты къухдариуӕггӕнджытӕ хъуамӕ уой 18-30 азы кары", — радзырдта комитеты пресс-секретарь Софа Исаакян.

Социалон нысаниуӕгджын грантты конкурс арӕзт цӕуы РХИ хицауад, фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитет, УФ фӕсивӕдон хъуыддӕгты фӕдыл агентад ӕмӕ фӕсивӕдон хъӕппӕристы центр "Ног фӕлтӕр"-ы тыхтӕй. Бавдисгӕ проекттӕн саргъ кӕндзысты фӕсивӕдон форумты экспертон къамистӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0