Президент бафыста Цхуырбаты Хазбулаты йӕ бынатӕй ссӕрибар кӕныны фӕдыл указ

© Sputnik / Михаил ХасиевЦхуырбаты Хазбулат
Цхуырбаты Хазбулат - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цыппӕрӕмы Тыбылты Леонид фембӕлд министримӕ. Фембӕлды рӕстӕджы Хазбулат бафидар кодта йӕ бынатӕй ацӕуыны фӕнд. Президент бацыд министры уавӕры.

ЦХИНВАЛ, 22 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Тыбылты Леонид йӕ къух бафыста Цхуырбаты Хазбулаты фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министры бынатӕй ссӕрибар кӕныны фӕдыл указыл, фехъусын кодта Sputnik президенты пресс-секретарь Гана Яновская.

РХИ фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Цхуырбаты Хазбулат ацыд отставкӕйы 11 апрелы. Уый йӕ ацы фӕнд фехъусын кодта коллективӕн, ныффыста куырдиат ӕмӕ йӕ арвыста секретариаты уылты президентмӕ. Йӕ куыст ныууадзыны аххосӕгты тыххӕй ницы бӕрӕг ис.

Цыппӕрӕмы, Яновскаяйы ныхӕстӕм гӕсгӕ, Тыбылты Леонид фембӕлд министримӕ. Фембӕлды рӕстӕджы Хазбулат бафидар кодта йӕ бынатӕй ацӕуыны фӕнд. Президент бацыд йӕ уавӕры, ӕрфарста Хазбулаты йӕ дарддӕры плӕнтты тыххӕй.

"Президент нымайы, Цхуырбаты Хазбулат кӕй у перспективон специалист ӕмӕ йӕ зонындзинӕдтӕ дарддӕр дӕр пайдагонд цӕудзысты", — загъта Яновская.

Президент майрӕмбоны бафыста указ, кӕцымӕ гӕсгӕ фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕгӕй нысан ӕрцыд Цхуырбаты Андрей — министры фыццаг хӕдивӕг.

Ног хабӕртты лентӕ
0