Хуссар Ирыстоны фæзынд сывæллæтты фæдыл æххæстбарджын

© Сайт президента РЮОПрезидент фембæлд Козаты Гульнараимæ
Президент фембæлд Козаты Гульнараимæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фарон ноябры кæрон президенты администраци расидт конкурс президенты цур сывæллæтты барты фæдыл æххæстбарджыны снысан кӕныны фӕдыл.

ЦХИНВАЛ, 22 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстоны фыццаг хатт фæзынд сывæллæтты фæдыл æххæстбарджын. Майрæмбоны РХИ президент цы указ бафыста, уымæ гæсгæ ног бынаты нысан æрцыд Козаты Гульнара.

Фарон ноябры кæрон президенты администраци расидт конкурс президенты цур сывæллæтты барты фæдыл æххæстбарджыны снысан кӕныны фӕдыл.

Къуындæг уавæрты цæрæг бинонты хæдзæрттыл рейд

Президенты пресс-секретарь Гана Яновская Sputnik куыд фехъусын кодта, афтӕмӕй æххæстбарджыны бынатмæ равзæрст æрцыдысты хуыздæр конкурсон куыстытæ, фондз лидеры æхсæн уыд Козаты Гульнарайы кандидатурæ.

Президент фембæлд Козаты Гульнараимæ æмæ банысан кодта, кæй у хорз зонгæ йæ архайдимæ æмæ йын раарфæ кодта, ацы бынатмæ йæ кæй снысан кодтой, уый фæдыл.

"Республикæйы къухдариуæгад стыр хъусдард здахы рæзгæ фæлтæр, фæсивæдимæ баст фарстытæ æмæ проблемæтæм. Кæй зæгъын æй хъæуы, ацы къабазы хъæуы стыр куыст бакæнын. Ды бирæ рæстæг кусыс ахуырады къабазы, нæ сывæллæтты хъомыладыл æмæ мæ ныфс ис, дæ фæлтæрддзинад æмæ практикæйæ кæй спайда кæндзыстæм нæ иумæйаг куысты", — загъта президент.

Тыбылты Леонид зæрдыл æрлæууын кодта, бон раздæр паддзахадон телеуынынады эфиры проблемон бинонты сывæллæтты тыххæй цы сюжет æрцыд æвдыст.

"Зын у дзурын, фӕлӕ мах иууылдӕр ӕвдисӕн уыдыстӕм, ам хӕлд кӕй ӕрцыдысты сывӕллоны бартӕ. Абон ацы фарсты фӕдыл ныхас кодтон бӕрнон кусджытимӕ, сӕ разы сын ӕрӕвӕрдтон хӕстӕ. Дӕу бахъӕудзӕн стыр куыст бакӕнын сывӕллӕтты бартӕ ӕнӕниздзинад, ахуыр, сӕрибардзинад ӕмӕ ӕндӕр бындурон къабӕзты бахъахъхъӕныны фӕдыл", — бафтыдта йӕ ныхӕстӕм президент.

Козаты Гульнара бузынг загъта президентӕн йе ‘ууӕнчы тыххӕй.

"Мӕнӕн уый у стыр бӕрндзинад. Ныфс дӕттын ӕппӕт дӕр кӕй сараздзӕн, цӕмӕй сывӕллӕтты бартӕ бахъахъхъӕныны институт нӕ бӕстӕйы размӕ цӕуа ӕмӕ фидар кӕна", — загъта уый.

Ног хабӕртты лентӕ
0