Ацы Уæлахиз æрхаста… Абатуровтæ – Павел æмæ Николай

© Sputnik / Михаил ХасиевМайдантӕ
Майдантӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны уæвæг Уæрæсейы ÆФС арæнгæрон управленийы кусæг Петр Ватажников Sputnik Хуссар Ирыстоны проекты фæлгæтты радзырдта йæ дада æмæ стыр дадайы хайадисты тыххæй Стыр Фыдыбæстæйон хæсты.

ЦХИНВАЛ, 26 апр — Sputnik. Абатуров Павел Дмитры фырт (1899 азы гуырд, стыр дада мады æрдыгæй). 1919 — 1922 азты хайад иста æмбæстагон хæсты, 13.11.1941-06.10.1942 ӕзты уыд Фыдыбæстæйон хæсты архайæг. 1942 азы 12 майы карз тохы рæстæджы минæйы схъистæй уæззау цæф фæцис йæ къах. Йæ гуыбын бирæнымæц цæфтæ кæй фæцис, уый тыххæй æрцыд демобилизацигонд. У бирæнымæц хорзæхты, уыдон нымæцы орден "Красная Звезда" æмæ майдан "За отвагу"-йы хицау.

Йæ фырт, Абатуров Николай Павелы фырт (1926 а.г.) хæцыд 1 Белорусаг фронты № 42644 æфсæддон хайы, 2-аг хицæн æфсæнвæндагон батальоны сконды. Æфсæддон ном — гвардийы ефрейтор.

Н. П. Абатуров хорзæхджын æрцыд майдантæ "За освобождение Варшавы", "За взятие Берлина", "За Победу над Германией", Фыдыбæстæйон хæсты 2-аг къæпхæны орденæй æмæ æндæртæй.

1943 азы райстой тел фыдæй: уæззау цæфтимæ уый уыд госпиталы, цæй фæстиуæгæн æрцыд демобилизацигонд. Йæ размæ станцмæ æрбацыд Николай æмæ йæ ракодта бæхыл. Ноябры йын йæхимæ æрсидтысты æфсадмæ, ӕстдæс азы йыл нæма цыд, афтæ.

Бирæ фронты фæндæгтæ уыд Николайы царды, фæлæ йæ фыццаг фæндаг бахъуыды кодта, цыма знон уыд. Куыд сæ ластой æнæхъæн эшелонæй — 800 адæймаг ног æрсиддонты скæсæнырдæм, куыд цардысты солдаттæ фæстæдæр сыджыткъæсты. Калининграды областæй рæнхъон Абатуровы арвыстой Польшæйы горæт Седлецмæ.

Проект Эту победу ковал.... - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ацы Уæлахиз æрхаста...Тадтаты Георгий

"Хæст — хæст у. Бардзырд раттой, уæд æй хъуамæ сæххæст кæной. Мах, фистæг æфсæддонтæ, бырстам атакæйы, нæ фæстæ та уыдысты артиллеристтæ. Алы тох дæр уыд эпизод, тохæй байст метртæй алкæцыдæр — эпизод. Цал уыдысты уыцы тохтæ?! Цал километры бахъуыд фистæгæй рацæуын? 1944 азы августы мах фæкодтой æхсты бын доны (йæ ном ын нал хъуыды кæнын) сæртыл хизгæйæ. Фистæг æфсæддонтæ уайтагъд "фæхæст" сты донбылыл, систой штурмæй ныхмæлæууæджы хъахъхъæнынады фыццаг хæххытæ. Махмæ иу зенитон хæцæнгарз дæр кæй нæй, уый зонгæйæ, знаг сызнæт æмæ нæ хæдтæхæгтæй фæкодта бомбæйон æхсты бын. Нæ артиллерийæн фадат нæ уыд махæн истæмæй баххуыс кæнын, кæд æмбæрста нæ уæззау уавæр, уæддæр. Уыцы тохы мах уæддæр фæуæлахиз стæм, уымæн æмæ уырыссаг солдат уымæй фидар у, æмæ цыфæнды уавæрæй дæр ссары рахизæн, кæд йæ цард бахъæуа раттын, уæддæр…", — мысы Николай Павелы фырт.

Не ‘фсад бырста размæ. Цæмæй хъуыддаг рæвдздæр цыдаид, уый тыххæй хъуыд сæндидзын кæнын æфсæнвæндагон хидтæ, цæмæй сæ сæрты хизыны фадат уыдаид танктæ æмæ уæззау техникæйæн. Николай Павелы фырт мысы, уыдон Вислæйы сæрты æфсæнвæндагон хидтæ кæй арæзтой æхсæвæй — бонæй, æнæ фынæй æмæ улæфтæй, знаджы æхсты бын.

Сæ разы æвæрд хæс тагъд æмгъуыдмæ кæй сæххæст кодтой, уый тыххæй Абатуров æмæ йе ‘мбæлттæ хорзæхджын æрцыдысты майдантæй "За освобождение Варшавы". Ам, Польшæйы, тохтæй иуы рæстæджы уый райста контузи. Германийы та ногæй арæзта æфсæнвæндагон хидтæ Одеры сæрты. Эльбæйы уагъд æрцыд историкон фембæлд америкæйæгтимæ. Фронты фæндæгтыл Николай рацыд немыцаг горæттæ — Магдебург, Франкфурт-на-Майне, цыран сæмбæлд Уæлахизыл.

Бестауты Григорий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ацы Уæлахиз æрхаста… Бестауты Григорий

"Райдыдтой цæвын зениткæтæ, сармадзантæ. Уыд райсом цыппар сахат, æмæ алцыдæр бамбæрстам. Бæстыл цины хъæрæй дарддæр ницыуал хъуыст", — мысы фронтовик.

Уæлахизы фæстæ сын сæ дæлхайад Германийæ арвыстой Закарпатьемæ, цыран ма фондз азы дæргъы арæзта хидтæ. Абатуровæн ис æфсæддон хорзæхтæ "За взятие Берлина", "За победу над Германией".

Хæсты быдырæй удæгасæй аирвæзгæйæ, Николай Павелы фырт йæ царды алкæцы бон дæр цард рæстагæй. Афтæ у адæймаг, кæцы рацыд царды тухæнтæ æмæ карз æфсæддон фæлтæрддзинад.

Ног хабӕртты лентӕ
0