Вице-спикер: НАТО тырны Уӕрӕсейы ӕндӕвдад регионы аиуварс кӕнынмӕ

© Sputnik / Ада БагианДмитрий Тасойты
Дмитрий Тасойты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Тасойты Дмитрий куыд банысан кодта, афтӕмӕй Хуссар Ирыстон ис ацы цауты тӕккӕ астӕу ӕмӕ "исты ӕвирхъау хабӕрттӕ куы фӕзыной", уӕд уыдон комкоммӕ бандавдзысты республикӕйыл.

ЦХИНВАЛ, 12 май — Sputnik. НАТО тӕрсы Уӕрӕсейы цӕдисӕй ӕндӕр бӕстӕтимӕ ӕмӕ архайы, цӕмӕй фӕссоветон тыгъдадыл фӕлӕмӕгъдӕр уа йе ‘ндӕвдад, загъта Sputnik вице-спикер, хъахъхъӕнынад ӕмӕ ӕдасдзинады фӕдыл парламентон комитеты сӕргълӕууӕг Тасойты Дмитрий.

Гуырдзыстоны ӕртыццӕджы райдыдтой гуырдзиаг —америкӕйаг ахуыртӕ Noble Partner-2016. Хайад сӕ исы 1300 ӕфсӕддоны АИШ, Стыр Британи ӕмӕ Гуырдзыстонӕй. Гуырдзыстоны хъахъхъӕнынады ведомствӕйӕ ахуырты архайынц хӕдтӕхджытӕ, танктӕ M1A2 Abrams ӕмӕ хӕдтулгӕтӕ Bradley.

"Бӕрӕг куыд у, афтӕмӕй НАТО Америкӕйы разыдзинадӕй хъавы Уӕрӕсейы ӕндӕвдад фӕссоветон тыгъдады фӕлӕмӕгъдӕр кӕнынмӕ. Ацы ахуыртӕ бӕлвырд кӕнынц, цӕгататлантикон альянсы бӕстӕтӕ кӕй тӕрсынц Уӕрӕсе ӕмӕ ӕндӕр бӕстӕты цӕдисӕй. Куыд уынӕм, афтӕмӕй Уӕрӕсе активонӕй амайы хӕларадон ахастытӕ бирӕ бӕстӕтимӕ, арӕзт цӕуынц алыгъуызон организацитӕ ӕмӕ НАТО йӕ тыхтӕ радта, цӕмӕй йӕ бахъыгдара ацы хъуыддаджы", — загъта вице-спикер.

Тасойты Дмитрий ма куыд банысан кодта, афтӕмӕй Хуссар Ирыстон ис ацы цауты тӕккӕ астӕу ӕмӕ "исты ӕвирхъау хабӕрттӕ куы фӕзыной", уӕд уыдон комкоммӕ бандавдзысты республикӕйыл.

"Махӕн, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ бон нӕу ахуырты ныхмӕ исты мадзӕлттӕ райсын, фӕлӕ нӕ хӕс у алцыдӕр саразын, цӕмӕй Уӕрӕсеимӕ бафыстгонд бадзырдтӕ, фыццаг рады, ӕдасдзинад ӕмӕ арӕнты хъахъхъӕнынмӕ кӕцытӕ хауынц, уыдон ӕппӕт гуырахстӕй ӕххӕст цӕуой. Уымӕн ис ахсджиаг нысаниуӕг", — банысан кодта уый.

Президенты администраци: Гуырдзыстонӕй хорз хабӕрттӕм не ‘нхъӕлмӕ кӕсӕм

Депутаты ныхӕстӕм гӕсгӕ,"ӕхсӕнадӕмон нормӕтӕм гӕсгӕ, конфликты хайадисджытӕй иу фарс куыннӕ фехъусын кӕны хӕсты ӕрлӕуды фӕдыл, уӕд уый нысан кӕны, хӕстон архайдтытӕ фӕуд кӕй не сты. Уымӕй уӕлдай, Гуырдзыстон йӕ официалон документты ӕмӕ хъусинӕгты сӕ бӕстӕйы "территориалон ӕнӕхъӕндзинад" сфидар кæнын фӕнд нӕ уадзы.

Гуырдзыстоны ахуыртӕн ма комментаритӕ сарӕзтой РХИ президенты администрацийы дӕр. Уым банысан кодтой, Хуссар Ирыстоны раздӕрау тасы кӕй ӕфтауынц Гуырдзыстоны реваншистон фӕндтӕ ӕмӕ Ӕдасдзинады комитет ӕмӕ арӕнхъахъхъӕнджытӕ уӕрӕсейаг коллегӕтимӕ ӕмархайгӕйӕ сӕ хъус кӕй дарынц арӕны уавӕрмӕ.

НАТО ӕмӕ Гуырдзыстоны ахуыртӕ фӕуыдзысты 26 майы. Уыдон цӕуынц ӕфсӕддон базӕ Вазианийы. Дзыллон информацийы фӕрӕзтӕ куыд хъусын кӕнынц, афтӕмӕй сӕ нысан у Гуырдзыстоны ӕфсӕддонты цӕттӕдзинад фӕбӕрзонддӕр кӕнын. Noble Partner Гуырдзыстоны ахуыртӕ уадзынц ныр дыккаг хатт.

Ног хабӕртты лентӕ
0