ОБСЕ эксперты доклад равдыста, Гуырдзыстон кæй у аххосджын РХИ æмбæстæгты фесæфты

© Sputnik / Диана КозаеваДжиоты Мурæт
Джиоты Мурæт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
ОБСЕ-йы экспертимæ фембæлды рæстæджы Джиоты Мурæт банысан кодта, æбæрæгæй фесæфæг æмбæстæгты хъысмæт сбæлвырд кæныны тыххæй Игньятович цы стыр куыст бакодта, уый æмæ равдыста ныфс, ацы куыст кæй адарддæр уыдзæн.

ЦХИНВАЛ, 18 май — Sputnik. ОБСЕ-йы эксперт Душан Игньятовичы раныхасы рекомендацитæ æмæ хатдзæгтæ бæлвырд кæнынц, Гуырдзыстоны полици кæй у аххосджын хуссарирыстойнаг æмбæстæгты фесæфыны хъуыддаджы, загъта экспертимæ фембæлды рæстæджы фæсконфликтон уавæр æрнывыл кæныны фæдыл президенты æххæстбарджын минæвар Джиоты Мурæт.

Джиоты Мурæт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ӕбæрæгæй сæфтыты бацагурыны фӕдыл эксперт йæ куыст адарддæр кæндзæн апрелы

ОБСЕ бахæс кодта уголовон фæдæвзарæны фæдыл хæдбар экспертæн рафæлгъауын, Хуссар Ирыстоны цæрджытæй 2008 азы æбæрæгæй чи фесæфт, уыдон хъысмæт. Октябры кæрон Душан Игньятович æрæвнæлдта йæ куыстмæ æмæ марты æрбавдыста йæ рекомендацитæ.

Раздæр Джиоты Мурæт фехъусын кодта Sputnik, эксперты документы бæлвырдæй æвдыст кæй у уый, æмæ æртæ хуссарирыстойнаг æмбæстаджы — Хуыгаты Алан, Хацырты Алан æмæ Плиты Солтан — кӕй уыдысты гуырдзиаг тыхон структурæты къухты. Уый банысан кодта, Гуырдзыстон кæй хæссы бæрндзинад хуссарирыстойнаг фесæфæг æмбæстæгты хъысмæт сбæрæг кæныны хъуыддаджы.

Æххæстбарджын минæвары аппараты пресс-службæйы загътой, фембæлды рæстæджы Джиоты Мурæт кæй банысан кодта, æбæрæгæй фесæфæг æмбæстæгты хъысмæт сбæлвырд кæныны тыххæй Игньятович цы стыр куыст бакодта, уый æмæ равдыста ныфс, ацы куыст кæй адарддæр уыдзæн.

"Фæдæвзарæны фæстиуджыты фæдыл эксперты доклады хатдзæгтæ æмæ рекомендацитæ ноджыдæр бæлвырд кæнынц Европæйы советы хæдбар экспертты хатдзæг, кæцытæ 2009-2010 азы æбæрæгæй фесæфæг æмбæстæгты хъысмæт сбæрæг кæныны рæстæджы раргом кодтой, Гуырдзыстоны полици кæй хæссы бæрндзинад хуссарирыстойнаг æмбæстæгты фесæфыны хъуыддаджы", — фехъусын кодта Джиоты Мурæты ныхæстæ йæ пресс-службæ.

Уыцы бон ма Игньятович фембæлд æбæрæгæй фесæфæг æмбæстæгты хиуæттимæ, генералон прокуратурæйы минæвæрттимæ, афтæ ма ныхас кодта Цхинвалы уæвæг Сырх дзуары æхсæнадæмон комитеты офисы кусджытимæ, загътой ма пресс-службæйы.

Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæй ӕбӕрӕгӕй чи фесæфт, уыдон хъысмæты тыххæй исты базоныны фӕдыл куыст райдыдта 2010 азы. Эксперттæ уæд куыд рабæрæг кодтой, афтӕмӕй æртæ хуссарирыстойнаг æмбæстаджы — Хуыгаты Алан, Хацырты Алан æмæ Плиты Солтан — 2008 азы адавды фæстæ цавæрдæр рæстæг уыдысты гуырдзиаг тыхон структурæты къухты, фæлæ сæ дарддæры хъысмæт у æбæрæг.

Ныртæккæ æбæрæгæй сæфтыл нымад сты республикæйы æмбæстæгтæй сæдæйæ фылдæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0