Тыбылты Леонид æмæ Бибылты Анатолий æрдзырдтой референдумы фарстыл

© Sputnik / Алексей КовалевТыбылты Леонид æмæ Бибылты Анатолий
Тыбылты Леонид æмæ Бибылты Анатолий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Президент æмæ парламенты спикер бадзырдтой, Хуссар Ирыстон Уӕрӕсейы скондмæ бацæуыны тыххӕй референдумы фӕдыл иумæйаг æнхъарæнтыл бакусын.

ЦХИНВАЛ, 18 май — Sputnik. Президент Тыбылты Леонид æмæ парламенты спикер Бибылты Анатолий æруынаффæ кодтой референдумы фарсты тыххæй республикæйы конституцимæ ивындзинæдтæ бахæссыныл, хъусын кæны президенты пресс-службæ.

"Референдум ауадзыныл дзургæйæ хъæуы нымадмæ исын алкæй цæстæнгас дæр. Ацы фарст хъуамæ мæты ма æфтауа æхсæнад æмæ ма хала стабилондзинад", — хъусын кæны президенты ныхæстæ йæ пресс-службæ.

Тыбылты Леонид банысан кодта, фарстыл кæй хъæуы бакусын алыварсонӕй æмæ фехъусын кæнын йæ хатдзæгтæ.

"Ахæм актуалон фарстыты фæдыл хъæуы уынаффæтæ уадзын, демократон æхсæнады уый у æмбæлон хъуыддаг. Парламент æмæ æххæстгæнæн хицауад хъуамæ æмгуыст кæной æмæ сын уа иумæйаг хъуыды, цæмæй адæм уыной, мах кæй цæуæм историкон æгъауæй равзæрстгонд фæндагыл", — загъта президент.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, ныртæккæ уагъд цæуынц консультацитæ парламентимæ, "æмæ æввахс рæстæджы мах хъуамæ æрцæуæм иу æнхъарæнмæ, кæцы къух ратдзæн махæй алкæмæн дæр, фыццаджыдæр нæ адæмæн".

Бибылты Анатолий хорзыл банымадта президенты позици æмæ референдумы фарст схуыдта "тынг ахсджиаг".

"Мах хъуамæ дарддæр цæуæм уыцы фæндагыл, кæцы равзæрстам 1920, 1989-1992 æзты. Абон бирæты зæрдыл нал лæууы, цы хъуыдытæ æмæ нысæнттæ уыд æвæрд, нæ хæдбардзинады сæрыл тохыл куы дзурæм, уæд. Мах нæ хъуыды кодтам Уæрæсейы Федерацийæ хæдбардзинадыл, иууылдæр хорз æмбæрстам, дзырд кæй цæуы Гуырдзыстонæй хæдбардзинадыл. Уый ныр нæ къухты бафтыд. Нæ адæмы дарддæры хъысмæт ис йæхи къухты", — загъта Бибылты Анатолий.

Ивгъуыд октябры Тыбылты Леонид раразмæ кодта Хуссар Ирыстон УФ-йы скондмæ бацæуыны фæдыл референдум ауадзыны хъæппæрис. Ацы аз апрелы президенты администраци фехъусын кодта, референдумы рæстæджы æмбæстæгтæм кæй æрсидтдзысты РХИ Конституцимæ ивындзинæдтæ бахæссыныл разыдзинад равдисын, кæцытæ президентæн фадат ратдзысты парламентимæ æрæмдзыхы фæстæ бахатын Кремлмæ республикæ ног субъектæй УФ-йы скондмæ айсыны куырдиатимæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0