Битарты Вячеслав цӕттӕ у аварийы амæттæгтæн хос кæнынæн баххуыс кæнынмæ

© FacebookВячеслав Битарты
Вячеслав Битарты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Тыбылты Леонид загъта бузныг Битарты Вячеславæн йæ хъæппæрисы тыххæй æмæ банысан кодта, Хуссар Ирыстонмæ кæй ис æппæтдæр, цæмæй æфсæддон службæгæнджытæн баконд æрцæуа æмбæлон медицинон æххуыс.

ЦХИНВАЛ, 19 май — Sputnik. Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав равдыста цæттæдзинад аварийы фæцæфуæвджытæн баххуыс кæныны хъуыддаджы. РХИ президенты пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй цыппæрæмы Битарты Вячеслав æмæ Тыбылты Леонид ныхас кодтой телефонæй.

Цыппæрæмы райсомæй Хуссар Ирыстоны Цхинвал æмæ Ленингоры æхсæн, хæххон фæндагыл былæй ахауд автобус уæрæсейаг æфсæддон службæгæнджытимæ. Фæмард сты ӕхсӕз офицеры, амæттæгты фæхæццæ кодтой Цхинвалы медицинон уагдонмæ.

"Цæгат Ирыстоны сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг равдыста катай трагедийы фæстиуæгæн. Уый ма фехъусын кодта, цæттæ кæй у аварийы амæттæгтæн хос кæныны хъуыддаджы баххуыс кæнын", — радзырдтой пресс-службæйы.

Тыбылты Леонид загъта бузныг Битарты Вячеславæн йæ хъæппæрисы тыххæй æмæ банысан кодта, Хуссар Ирыстонмæ кæй ис æппæтдæр, цæмæй æфсæддон службæгæнджытæн баконд æрцæуа æмбæлон медицинон æххуыс.

Ног хабӕртты лентӕ
0