Тыбылты Леонид арвыста тӕфӕрфӕсы тел Путинмӕ уӕрӕсейаг ӕфсӕддонты амӕлӕты фӕдыл

© Фото очевидцаАвари Хуссар Иры
Авари Хуссар Иры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уымӕй дарддӕр ма президент арвыста тел Уӕрӕсейы хъахъхъӕнынады министр Сергей Шойгумӕ, цыран ӕм бахатыд, цӕмӕй йын йӕ тӕфӕрфӕсы ныхӕстӕ адӕтта зианбаййафӕг ӕфсӕддонты хиуӕттӕн.

ЦХИНВАЛ, 19 май — Sputnik. Президент Тыбылты Леонид арвыста тӕфӕрфӕсы тел Владимир Путинмӕ уӕрӕсейаг офицерты амӕлӕты фӕдыл, фехъусын кодта президенты пресс-секретарь Гана Яновская.

Цыппæрæмы райсомæй Хуссар Ирыстоны Цхинвал æмæ Ленингоры æхсæн, хæххон фæндагыл былæй ахауд автобус уæрæсейаг æфсæддон службæгæнджытимæ. Фæмард сты ӕхсӕз офицеры, амæттæгты фæхæццæ кодтой Цхинвалы медицинон уагдонмæ.

"Стыр хъыгимӕ райстам уӕрӕсейаг ӕфсӕддонты трагикъон мӕлӕты хабар. Хуссар Иры къухдариуӕгад, йӕ адӕм ӕмӕ мӕхи номӕй Дӕуӕн ӕмӕ бабынуӕвӕг ӕфсӕддонты ӕввахс адӕмӕн тӕфӕрфӕс кӕнын ацы ӕвирхъау трагедийы фӕдыл", — загъта Тыбылты Леонид.

Уымӕй дарддӕр ма президент арвыста тел Уӕрӕсейы хъахъхъӕнынады министр Сергей Шойгумӕ, цыран ӕм бахатыд, цӕмӕй йын йӕ тӕфӕрфӕсы ныхӕстӕ адӕтта зианбаййафӕг ӕфсӕддонты хиуӕттӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0