Зары трагеди – фыдох æмæ масты 24 азы

© Sputnik / Ада БагианЗары трагедийы бынат
Зары трагедийы бынат - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фыдохы митинг уагъд æрцæудзæн, Хуссар Ирыстоны 33 сабыр цæрæджы цы бынаты ныццагътой æмæ сæ номыл цыран æрцыд æвæрд мемориал, уым.

ЦХИНВАЛ, 20 май — Sputnik. Майрæмбоны æххæст кæны 24 азы Зары трагедийыл. Хуссар Ирыстоны 20 майы æрвылаздæр нысан кæнынц Фыдохы бон.

23 азы размӕ ацы "царды фӕндагыл" Цхинвалмӕ цы гуырдзиаг лӕгмартӕ тыдтой, уыдонӕй лыгъдысты зӕронд адӕм, сылгоймӕгтӕ, сывӕллӕттӕ. Сӕ автоколоннӕйы раз бабадтысты гуырдзиаг гарзджын ӕфсад ӕмӕ сӕ ныццагътой. Ацы тугӕрхӕм трагедийы амӕттаг баисты 33 адӕймаджы, 12 та фесты уӕззау цӕфтӕ. Фӕмардуӕвджытӕй иууыл кӕстӕрыл цыд 11 азы, хистӕрыл та — 76.

Президент фембæлд Зары трагедийы амæттæгты хиуæттимæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Президент фембæлд Зары трагедийы амæттæгты хиуæттимæ

Уыцы бон цыппар машинæйы скондæй автоколоннæ фæцæйцыд Цхинвалæй Цæгат Ирмæ, уырдæм хæстон архæйдтытæй цалдæр мæй раздæр алыгъдысты мингай лигъдæттæ Хуссар Ирæй. Ӕмбисбонмӕ ӕввахс сылгоймæгтæ, зæронд адæм æмæ сывæллæттæ цы машинæты бадтысты, уыдон гуырдзыстойнаг æфсæддонтæ фæкодтой автоматон æмæ пулеметон æхсты бын. Æхст нæ банцад фондз минуты бæрц, уый фæстæ фыдгæнджытæ рахызтысты, цӕмӕй кæронмæ сæ æбуалгъ фыдракæнд саразой. Фæлæ трагедийы бынатмæ бацæугæ машинæтæ бахъыгдардтой сæ тугдзых нывæзт сæххæст кæнын…

Гуырдзыстоны уӕды президент Эдуард Шеварнадзе басаст, лигъдӕтты размӕ гуырдзиаг барадхъахъхъæнæг органты кусджытæ кӕй бабадтысты ӕмӕ сӕ фехстой. Уый ныфс ӕвӕрдта, фыдракӕнды тыххӕй кӕй райдайдзысты фӕдагурӕн куыстытӕ ӕмӕ йӕ хайадисджытӕ иууылдӕр карз ӕфхӕрд кӕй баййафдзысты. Фӕлӕ уыцы ныфсӕвӕрӕн ныхӕстӕ баззадысты ныхӕстӕй.

Зары таргедийы фӕстӕ Гуырдзыстоны барадхъахъхъæнæг органты кусджытæ ноджы зӕрдигӕй дӕр ӕрӕвнӕлдтой Ирыстонмӕ лӕбурынмӕ. Уыцы азы ма, сӕрды Гуырдзыйы ӕфсад цалдӕр хатт бафӕлвӕрдтой Цхинвалмӕ ӕрбабырсын ӕмӕ йӕ бацахсын.
Уыцы аз июлы республикæмæ баконд æрцыдысты æртæварсон фидауынгæнæн тыхтæ.

Хуссар Ирыстоны генералон прокуратурæ бакодта уголовон хъуыддаг Зары фæндагыл сабыр цæрджыты ныццæгъдыны факты фæдыл. Фæдагуырды фæдыл æрæмбырд кодтой бирæ æрмæг, фæлæ аххосджынты ссарын бахъыгдардтой объективон аххосæгтæ, фехъусын кодтой раздæр Sputnik Генералон прокуратурæйы.

Хуссар Ирыстоны 20 майы æрвылаздæр нысан кæнынц Фыдохы бон. Трагедийы бынаты уагъд æрцæудзæн фыдохы митинг.

Ног хабӕртты лентӕ
0