Хуссар Ирыстоны æрцахстой цыппар арæнсæттæджы

© Sputnik / Евгений Епанчинцев /  Ахизын медиабанкмæАрæнхъахъхъæнджытæ
Арæнхъахъхъæнджытæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фæткхалджыты æрцахстой Знауыры районы Нагутнийы хъæумæ æввахс.

ЦХИНВАЛ, 20 май — Sputnik. Арæнхъахъхъæнджытæ æрцахстой цыппар гуырдзыстойнаг æмбæстаджы, кæцытæ фехæлдтой Хуссар Ирыстоны паддзахадон арæны режим, фехъусын кодтой ПÆК-ы пресс-службæйы.

Ацы мæй арæн æмæ арæнгæрон режим фехалыны тыххæй арæнхъахъхъæнджытæ æрцахстой Гуырдзыстоны æмбæстæгтæй 30-æй фылдæр.

"Фæткхалджыты æрцахстой Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны æхсæн арæны фадыгыл, Знауыры районы Нагутнийы хъæумæ æввахс. Иууылдæр сты Гуырдзыстоны Сачхерейы районы Спеты хъæуы цæрджытæ", — загъта пресс-службæйы кусæг.

ПÆК-ы арæнгæрон службæ кусы æрмæджытæ тæрхондонмæ адæттыны фарстыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0