Джиоты Мурæт: Гуырдзыстоны хотыхджын амбицитæн нырма дæр кæрон не ‘рцыд

© Sputnik / Ада БагианФæсконфликтон уавӕр æрнывыл кæныны фæдыл РХИ президенты æххæстбарджын минæвар Джиоты Мурæт
Фæсконфликтон уавӕр æрнывыл кæныны фæдыл РХИ президенты æххæстбарджын минæвар Джиоты Мурæт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны катайы æппарынц НАТО ӕмӕ Гуырдзыстоны иумæйаг ахуыртӕ, кæцыты республикæйы нымайынц регионы стабилондзинадæн тасхæссæгыл, фехъусын кодта фæсконфликтон уавӕр æрнывыл кæныны фæдыл РХИ президенты æххæстбарджын минæвар Джиоты Мурæт.

ЦХИНВАЛ, 23 май — Sputnik. НАТО Гуырдзыстоны йæ хæстон активондзинад кæй фылдæр кæны, Гуырдзыстоны хицауад та сабырады гарантитæ куы нæ дæтты, уӕд регионы сабырад бахъахъхъæныны фарстытæ кæнынц ноджы актуалондæр, загъта фæсконфликтон уавӕр æрнывыл кæныны фæдыл президенты æххæстбарджын минæвар Джиоты Мурæт Женеваг дискусситы æмсæрдæрттимæ фембæлды рæстæджы.

Цхинвалмæ къуырисæры æрцыдысты æмсæрдæрттæ Евроцæдис, ОБСЕ æмæ ООН-æй, цæмæй æруынаффæ кæной Женеваг дискусситы радон раунды боныфæткыл, кæцы уагъд æрцæудзæн июны.

Джиоты Мурæт банысан кодта, ацы дискусситы нысан кæй у тынг ахсджиаг — æдасдзинад бахъахъхъæнын æмæ тыхæй ма спайда кæныны фæдыл юридикон бадзырдтæ бафыссын.

"Гуырдзыстоны æрдыгæй дарддæр дæр ис тас. Катайы æфтауынц НАТО æмæ Гуырдзыстоны иумæйаг ахуыртæ дæр, кæцыты мах нымайæм регионы стабилондзинадæн тасхæссæгыл. Мах бæлвырд зонæм, америкæйаг инструктортæ цы гуырдзиаг æфсæддонты бацæттæ кодтой, уыдон хайад кæй истой Хуссар Ирыстоны ныхмæ агресситы", — загъта Джиоты Мурæт.

Æххæстбарджын минæвар банысан кодта, гуырдзыстоны хицауады æрдыгæй ахæм фидиуæнтæм кæй хъæуы хъус дарын. Джиоты Мурæт зӕрдыл ӕрлӕууын кодта гуырдзыстойнаг парламенты спикер Давид Усупашвилийы æрæджыйы ныхӕстӕ, зæгъгæ, "цалынмæ Гуырдзыстоны территориалон æнæхъæндзинады фарст нæ скъуыддзаг уа, уæдмæ гуырдзыстойнаг æфсæддон службæгæнджыты хæслæвæрд æххæстыл нымад не ‘рцыд".

НАТО-йы ахуыртæ Тбилисы - Sputnik Хуссар Ирыстон
НАТО-Гуырдзыстоны ахуыртæ Хуссар Иры нымайынц стабилондзинадæн тасыл

Джиоты Мурæт ма бафтыдта, дунейон æмæхсæнад ныры онг кæй нæ фæазымджын кодта Гуырдзыстоны, Хуссар Ирыстоны ныхмæ дæргъвæтин агрессийы тыххæй, Гуырдзыстоны хотыхджын амбицитæн та нырма кæрон кæй не ‘рцыд.

"20 майы мах банысан кодтам гуырдзиаг агрессийы амæттæгты номарæн бон. Ацы бон 1992 азы республикæйы хæстон архæйдтыты тæмæны, Зары фæндагыл гуырдзиаг æфсад ныццагътой сабыр цæрджыты. Ацы æбуалгъ акцийæн ницы хотыхджын æнæмæнг хъæуындзинад уыд. Йæ амæттæгтæ баисты 33 сабыр ироны, чи аирæзт, уыдонæй бирæтæ абоны онг дæр не ‘рчъицыдтой", — радзырдта уый.

Джиоты Мурæт ма бафтыдта, Гуырдзыстоны хицауад йӕхи фæазымджын кодта ацы фыдракæнды æмæ ныфс бавæрдта, йӕ хайадисджытӕ иууылдӕр карз ӕфхӕрд кӕй баййафдзысты. Фӕлӕ уыцы ныфсӕвӕрӕн ныхӕстӕ баззадысты ныхӕстӕй.

"Уымæ гæсгæ, мах стыр ныфс æвæрæм Женеваг дискусситæй", — банысан кодта ӕххæстбарджын минæвар.

Евроцæдисæй æмсæрдар Герберт Зальбер сразы ис ууыл. æмæ Женеваг дискусситы сæйраг нысан кæй у сабырад бахъахъхъæнын. Раздæры раунд уый схуыдта "перспективон" æмæ банысан кодта, дискусситы хайадисджытæ активонæй дæр кæй хъуамæ дзурой тыхæй ма спайда кæныныл.

Æмсæрдæртты фембæлд адарддæр æхгæд дуæртты фæстæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0