Ӕнæрегистрацигонд хæцæнгæрзты хицæутты бахæсдзысты резервистты номхыгъдмæ

© Sputnik / Сергей Пятаков /  Ахизын медиабанкмæНӕмыг
Нӕмыг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Æнæрегистрацигонд хæцæнгарзы проблемæ аскъуыддзаг кæнын закъондæттæн æмвæзадыл æмæ йæ хицауæн резервисты статус раттын - ахæм хъæппæрис раразмæ кодта мидхъуыддæгты министрад.

ЦХИНВАЛ, 2 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстоны мидхъуыддæгты министр бахаста фæндон резервистты фæдыл законыл бакусын, кæцытæн бар уыдзæн сæ хæцæнгарз хæдзары дарын, загъта ведомствӕйы сæргълæууæг Лæууойты Æхсар. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, ацы мадзал фæахъаз уыдзæн æнæрегистрацигонд хæцæнгарзы егъау нымæцы проблемæ аскъуыддзаг кæнынӕн.

Мидхъуыддӕгты министрад иу æмæ дыууæ хатт не ‘рсидт цæрджытæм, цæмæй барвæндонæй раттой сæ автоматикон æмæ æндæр хæцæнгæрзтæ, хæстæрмæджытæ, рæмудзæн æрмæджытæ, кæцытæ бирæ нымæцы баззадысты цæрджытæм 1989- 2008 азты хæстон архæйдтыты фæстæ.

"Ахæм æрсидтытæ нæ радтой фадат ныры онг дæр проблемæ аскъуыддзаг кæнынӕн. Тыхæй архæйдтытæ ницæмæ æркæндзысты, уымæн æмæ нæ адæмы уæнгтæй нырма дæр нæ ацыд хæсты тас æмæ сæ уымæ гæсгæ нæ фæнды æнæ хæцæнгарзæй аззайын", — загъта Лӕууойты Ӕхсар.

Министр ацы проблемæйы райхæлд уыны закъондæттæн къабазы. Уый нысанæн, йæ ныхæстæм гæсгæ, хъæуы бакусын резервистты фæдыл законы проектыл, кæцымæ бахаудзысты æнæрегистрацигонд хæцæнгарзы хицæуттæ иууылдæр.

"Уæд сын фадат уыдзæн сæ хæцæнгарз срегистраци кæнын æмæ йæ хæдзары законон бындурыл дарынӕн. Махæн та фæзындзæн фадат, цæмæй уымæй спайдагонд цæуа закъонмæ гæсгæ. Дзæгъæл нæмыгæй мæлæт хъуамæ мачиуал ссара", — банысан кодта Лæууойты Æхсар.

Уый ма бафтыдта, ома кæд закондæттæн органтæ æрбавдисой сæхи эффективондæр метод, уæд мидхъуыддæгты министрад цæттæ у уыцы фарстыл æруынаффæ кæнынмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0