Хуссар Ирыстоны æрурæдтой арæнсæттæджы

© Sputnik / Михаил Воскресенский /  Ахизын медиабанкмæАрæнгæрон пост
Арæнгæрон пост - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фæткхалæджы æрцахстой Цхинвалы районы Отреуы хъæуы цур.

ЦХИНВАЛ, 2 июн — Sputnik. Арæнхъахъхъæнджытæ Хуссар Ирыстоны æртыццæджы Гуырдзыстонимæ паддзахадон арæныл æрурæдтой Гуырдзыстоны æмбæстаджы, фехъусын кодтой паддзахадон ӕдасдзинады (ПÆК) пресс-службæйы.

"Фæткхалæджы æрцахстой Цхинвалы районы Отреуы хъæуы цур, уый у Гуры районы Керейы хъæуы цæрæг", — фехъусын кодтой ПÆК-ы.

Пресс-службæйы кусæг ма загъта, цыппæрæмы, тæрхондоны скъуыддзагмæ гæсгæ ивар бафидыны фæстæ, фыдгæнæджы кæй феддæдуар кæндзысты Хуссар Ирыстонæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0