Хуссар Ирыстоны хицауад ӕрбынат кӕндзӕн ног бӕстыхайы

© Sputnik / Михаил ХасиевАдминистрация президента Южной Осетии
Администрация президента Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны хицауад астуӕладзыгон бӕстыхаййӕ рацӕудзӕн ног агъуыстмӕ, кӕцы раздӕр арӕзт ӕрцыд президент ӕмӕ йӕ администрацийӕн.

ЦХИНВАЛ, 2 июн — Sputnik. Президенты администрацийӕн Цхинвалы центры цы бӕстыхай ӕрцыд арӕзт, уый бацахсдзӕн РХИ хицауад, фехъусын кодтой Sputnik президенты администрацийы.

"Уынаффӕ хаст ӕрцыд министрӕдты нымӕц ӕмӕ сӕ функционалон уаргъӕвӕрд хынцгӕйӕ. Нырма бӕрӕг нӕу, хицауады аппарат цы хатӕнтӕ ссӕрибар кӕна, уырдӕм та чи рацӕудзӕн, уый", — загътой президенты администрацийы.

Уым куыд банысан кодтой, афтӕмӕй ныртӕккӕ президенты администрацийы хайӕдтӕ ӕмӕ управлениты кусджытӕй бирӕтӕ кӕй кусынц къуындӕг уавӕрты, кӕцыдӕр министрӕдтӕ та бӕстыхӕйттӕ исынц арендӕйы.

Хицауады аппараты сӕргълӕууӕг Гаглойты Олег радзырдта Sputnik, Джиоты Аланы проспектыл уӕвӕг ног бӕстыхаймӕ кӕй ӕрбынат кӕндзысты хицауады сӕрдар, йӕ хӕдивджытӕ, хицауады аппарат ӕмӕ экономикон райрӕзты министрад.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, хицауады уӕнгтӕ сӕ ног куысты бынӕттӕм бацӕудзысты ног къуырийы.

Ног хабӕртты лентӕ
0