Зынгфæдисонтӕ фӕлварынц зынг ахуыссын кӕнын Присы

© Sputnik / Диана КозаеваЗынгирвӕзт Присы
Зынгирвӕзт  Присы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Зынг ӕнгом фӕцӕй хӕццӕ кодта хӕдзӕрттӕм, тарст цӕрджытӕ фӕдзырдтой сыгъдхуыссынгæнæг службӕмӕ, фӕлӕ иу машинӕйы дон не ′сфаг зынг ахуыссын кӕнынӕн.

ЦХИНВАЛ, 4 авг — Sputnik, Козаты Дианӕ. РХИ УУМ-ы сыгъдхуыссынгæнæг службӕ фӕлвары Цхинвалмӕ ӕввахс Присы хъӕуы кӕрдӕджы зынгирвӕзт ахуыссын кӕнын. Зынг ӕнгом фӕцӕй хӕццӕ кодта хӕдзӕрттӕм, тарст цӕрджытӕ фӕдзырдтой сыгъдхуыссынгæнæг службӕмӕ.

Зынджы ныхмӕ тохмӕ ныридӕгӕн ацыд иу машинӕ, фӕлӕ йӕ дон не ′сфаг зынг ахуыссын кӕнынӕн.

© Sputnik / Диана КозаеваПожар в селе Прис
Пожар в селе Прис - Sputnik Хуссар Ирыстон
Пожар в селе Прис

Ноджы ма иу машинӕ, кӕцы атагъд кодта ӕххуысмӕ, фехӕлд фӕстӕмӕ здӕхгӕйӕ зынгирвӕзты бынатӕй цалдӕр метры фалдӕр.

Бынӕттон цӕрджытӕ нымайынц, ома зынгирвӕзты аххосӕг гӕнӕн ис ӕмӕ уыдаид цӕугӕ машинӕтӕй раппӕрст судзгӕ тамако.

"Ам адӕм афтӕ бирӕ нӕй, ӕрмӕстдӕр цалдӕр хӕдзары. Махӕй кӕрдӕгмӕ ничи ӕвнӕлдта", — катай кодтой хистӕр кары адӕм, зынгфæдисонты архӕйдтытӕм сӕ хъус даргӕйӕ.
Цауы бынатмӕ бацыд ӕртыккаг машинӕ дӕр.

Зынгыл бантыст цӕрӕн хӕдзӕрттӕй ӕддӕмӕ ахӕцын, фӕлӕ ныр та уый йе ′здӕхт аивта хъӕдты ӕрдӕм.

Ног хабӕртты лентӕ
0