РХИ президент ӕмӕ УФ ӔФС сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг ӕрдзырдтой арӕны хӕрзарӕзтадыл

© Sputnik / Наталья АйриянАрӕнгӕрон зонӕ
Арӕнгӕрон зонӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕрӕсейаг арӕнхъахъхъӕнджыты ифтонгад ӕппӕт ӕнӕмӕнгхъӕуӕг фӕрӕзтӕй ӕмӕ хисӕрмагонд сконды егъау фӕлтӕрддзинад дӕттынц фадат Хуссар Ирыстоны арӕны ӕдасдзинад ӕмбӕлон ӕгъдауӕй хъахъхъӕнынӕн, загъта УФ ӔФС сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг.

ЦХИНВАЛ, 9 авг — Sputnik. Президент Тыбылты Леонид фембӕлд Ӕдасдзинады федералон службӕйы (ӔФС) директоры фыццаг хӕдивӕг, УФ ӔФС Арӕнгӕрон службӕйы къухдариуӕггӕнӕг Владимир Кулишовимӕ. Фембӕлды рӕстӕджы дзырд цыд республикӕйы паддзахадон арӕны куыст ӕмӕ хӕрзарӕзтадыл, хъусын кӕны президент ӕмӕ хицауады пресс-службӕ.

Инӕлар нӕ республикӕмӕ ӕрцыд кусӕгон балцы, уый фӕнд кӕны бабӕрӕг кӕнын Хуссар Ирыстоны уӕвӕг Уӕрӕсейы ӔФС арӕнгӕрон управленийы объекттӕ ӕмӕ арæнгæсуаттӕ.

Уелиты цӕрджытӕн бамбарын кодтой арӕнгӕрон зонӕмӕ цӕуыны уагӕвӕрд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уелиты цӕрджытӕн бамбарын кодтой арӕнгӕрон зонӕмӕ цӕуыны уагӕвӕрд

"Республикӕйы паддзахадон арӕн хъахъхъӕнын цы арӕнгӕрон службӕты нысан у, уыдоны ӕхсӕн ис ӕххӕст ӕмархайд. Ӕмбӕлон службӕтӕ йӕ дарддӕр фидар кӕнынц, Хуссар Ирыстоны уавӕр, афтӕ ма Гуырдзыстоны уавӕр хынцгӕйӕ", — загъта Тыбылты Леонид.

Уый банысан кодта, алы службӕйы куыст дӕр здӕхт кӕй хъуамӕ уа бӕстӕйы ӕдасдзинад сифтонг кӕнынмӕ ӕмӕ дзуапп дӕтта адӕмы домӕнтӕн. Президенты ныхӕстӕм гӕсгӕ, фембӕлды рӕстӕджы дзырд цыд "арӕнгӕрон зонӕты фарстыл дӕр, ныридӕгӕн ис конкретон хӕслӕвӕрдтӕ".

Владимир Кулишов загъта бузныг президентӕн ахӕм хъарм ахасты тыххӕй ӕмӕ банысан кодта, ӕхсызгон ын кӕй вӕййы, уӕрӕсейаг дӕлхайадтӕ цы цӕрӕн пунктты хӕссынц службӕ, уырдӕм цӕуын.

"Мӕ балцы сӕйраг нысан у нӕ Управленийы объекттыӕ бабӕрӕг кӕнын. Фӕнды мӕ зӕгъын, Уӕрӕсейы ӔФС Арӕнгӕрон управленийӕн кӕй ис егъау фӕлтӕрддзинад арӕны иууыл зындӕр фадгуытыл хӕслӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕныны хъуыддаджы ӕмӕ хъуамӕ мачи дызӕрдыг кӕна, нӕ арӕнхъахъхъӕнджытӕ алцыдӕр кӕй сараздзысты ӕдасдзинад сифтонг кӕнынӕн", — загъта уый.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, дӕлхайадтӕ сты бӕрзондквалификацион ӕгъдауӕй комплектацигонд, ис сӕм ӕппӕт ӕнӕмӕнгхъӕуӕг фӕрӕзтӕ, хисӕрмагонд скондӕн ис фӕлтӕрддзинад алыгъуызон уавӕрты хӕслӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕнынӕн. Уыдӕттӕ та дӕттынц фадат Хуссар Ирыстоны арӕны ӕдасдзинад ӕмбӕлон ӕгъдауӕй ифтонг кӕнын.

Тыбылты Леонид - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тыбылты Леонид бахӕс кодта арӕнгӕрон зонӕ фӕкъаддӕр кӕныны фадӕттӕ сахуыр кӕнын

"Ныфс мӕ ис, иумӕйаг тыхтӕй махӕн кӕй бантысдзӕн бынӕттон цӕрджытимӕ нӕ ӕмархайд ӕмӕ куыст фенгомдӕр кӕнын. Тынг хорз ӕй ӕмбарӕм, ӕнӕ се ‘ууӕнкӕй, ӕнӕ сӕ хорз ахастӕй нӕ уыдзӕн фадат нӕ разы ӕвӕрд хӕстӕ ӕххӕст кӕнынӕн", — банысан кодта инӕлар.

Уый загъта, ацы уавӕры Республикӕ Хуссар Ирыстоны уӕвӕг УФ ӔФС Арӕнгӕрон управленийы сӕргълӕууӕгӕн кӕй ӕрцыд лӕвӕрд бардзырд сӕвзӕргӕ фарстытӕ ӕмбаргӕйӕ скъуыддзаг кӕнын, лӕмбынӕг сӕ сахуыр кӕнын, уыдон нымӕцы арӕнгӕрон зонӕйы фарстытӕ дӕр. Кулишов банысан кодта, зӕгъгӕ, арӕнгӕрон зонӕмӕ ӕввахс хъӕуты цӕрджытӕ сӕхи хъуамӕ ма хатой зынвадӕтты, фӕлӕ уый фӕдыл кусгӕйӕ хъуамӕ хъахъхъӕд цӕуа ӕдасдзинад.

Ног хабӕртты лентӕ
0