Цхинвалы мэрия ӕвзары горӕтмӕ бацӕуӕны хуыздӕр эскиз

© Sputnik / Алексей КовалевЦхинвал
Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕйы столицӕмӕ бацӕуӕны тыххӕй йӕ уазджытӕ базонынц ӕрмӕстдӕр къаннӕг стендӕй "Город-Герой Цхинвал" фыстимӕ.

ЦХИНВАЛ, 9 авг — Sputnik, Козаты Дианӕ. Цхинвалы мэрия ахуыр кӕны Хуссар Ирыстоны столицӕйы цӕгаттаг бацӕуӕн сфӕлындыны фӕдыл фыццаг эскизтӕ, фехъусын кодтой Sputnik горӕты администрацийы пресс-службӕйы.

Горӕтмӕ бацӕуӕн сфӕлындыны хуыздӕр эскизон проекты фӕдыл конкурс горӕты хицӕуттӕ расидтысты ивгъуыд къуыри. Мэрияйы куыд банысан кодтой, афтӕмӕй конкурс уагъд цӕуы хуыздӕр архитектурон-композицион проект рафӕлгъауыны нысанӕн.

Нырма уал республикӕйы столицӕмӕ бацӕуӕны тыххӕй йӕ уазджытӕ базонынц ӕрмӕстдӕр къаннӕг стендӕй "Город-Герой Цхинвал" фыстимӕ.

© FacebookРеспубликӕйы столицӕмӕ бацӕуӕн
Въезд в Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Республикӕйы столицӕмӕ бацӕуӕн

Конкурсы ӕнӕмӕнгхъӕуӕг домӕн у, цӕмӕй проекттӕ иууылдӕр уой националон стилы, "фадыджы горӕтарӕзтадон фадӕттӕ хынцгӕйӕ, хъуамӕ ӕвдиса горӕты хицӕндзинӕдтӕ ӕмӕ фенддагдӕр бынӕттӕ ӕмӕ афтӕ дарддӕр".

"Горӕты цӕрджытӕ ныридӕгӕн ӕрбахастой цалдӕр эскизы ӕмӕ проекты. Фӕлӕ уыдонӕй, хъыгагӕн, иуӕн дӕр нӕй ӕххӕст хуыз", — загъта мэрияйы пресс-секретарь Коцты Зӕринӕ.

Уый ма банысан кодта, зӕгъгӕ, горӕты ӕддаг бакаст сфӕлындыны хъуыддагмӕ йӕ хайбавӕрд бахӕссын кӕй фӕнды, уыдонӕн сӕ бон у ӕрбарвитын сӕ хахнывтӕ кӕнӕ цӕттӕ идейӕтӕ 1 сентябры онг.

Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Мэрия: Цхинвалы цæгатварс объекттæ хъуамæ арæзт цæуой генпланмæ гæсгæ

Автортӕн ма сӕ бон у ӕмӕ ӕрбавдисой уӕлӕмхас ӕрмӕджытӕ дӕр — хицӕн элементты кӕнӕ чысыл архитектурон формӕты хахнывтӕ ӕмӕ макеттӕ.

Проекттӕ гӕнӕн ис хӕдхъомӕй ӕрбавдисын горӕты администрацийы архитектурӕ, горӕтарӕзтад ӕмӕ зӕххон ахастыты хайадмӕ кӕнӕ та сӕ ӕрбарвитын мэрияйы электронон адресмӕ — tslhinvalms@mail.ru.

Конкурсы сӕ бон у ӕмӕ хайад райсой куыд хицӕн ӕмбӕстӕгтӕ, афтӕ уагдӕтты ӕмӕ организациты коллективтӕ, афтӕ ма специалисстӕ, кӕцытӕ профессионалон ӕгъдауӕй кӕнынц архитектурон архайд ӕмӕ дизайн.

Конкурсы уӕлахиздзаутӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсынц ӕрмӕст бузныджы ныхӕстӕ нӕ, фӕлӕ ма ӕхцайы премитӕ дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0