Зæронд хид Цхинвалы цалцæг æрцæудзæн азы кæронмæ

© Sputnik / Роин БибылтыЗæронд хид Цхинвалы
Зæронд хид Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Объект ис горæты культурон æмæ историон бынты реестры, уымæ гæсгæ цалцæггæнæн куыстытæм йæ хъус дардзæн культурæйы министрады дæлбар цыртдзæвæнтæ бахъахъхъӕныны фӕдыл хайад.

ЦХИНВАЛ, 16 авг — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы æввахс рæстæджы бавналдзысты Леуахийы сæр Зæронд хиды цалцæг æмæ фидар кæнынмæ, фехъусын кодтой Sputnik горæты администрацийы пресс-службæйы.

Зæронд хид ныридæгæн ис мæгуырау уавæры, æркæлынæй йын тæссаг кæй у, уымæ гæсгæ уæззау транспортæн у тобæгонд.

"Зæронд хид цалцæг æрцæудзæн, цы уынгыл ис, уыимæ иумæ. 13 коммунары уынг ныридæгæн цæттæ цæуы асфальт кæнынмæ, уынгимæ арӕзт æрцæудзæн хид дæр. Уымæй дарддæр горæты администрацийы тыхтӕй фидар ӕрцӕудзысты хиды быцæутæ æмæ цæджындзтæ, фæлæ уæддæр уый уæззау транспортӕн баззайдзæн тобæгондӕй", — загъта мэрияйы пресс-секретарь Коцты Зæринæ.

Объект ис горæты культурон æмæ историон бынты реестры, уымæ гæсгæ цалцæггæнæн куыстытæм йæ хъус дардзæн культурæйы министрады дæлбар цыртдзæвæнтæ бахъахъхъӕныны фӕдыл хайад.

"Зæронд хид у историон цыртдзæвæн. Рагæй ис нæ хъусдарды бын, бирæ рæстæг архайдтам, цæмæй цалцæг æрцæуа. Горæты администраци уæлæнгай сцалцæг кæндзӕн хид, хорз уаид æмæ йæм арæзтады министрад дæр куы бамбал уаид æмæ йӕ капиталон æгъдауæй куы сфидар кæниккой. Нæ хайад та арæзтадмæ йæ хъус дардзæн æппынæдзух", — загъта Sputnik хайады хистӕр Табуты Нелли.

Зæронд хид арæзт æрцыд 1910 азы ӕмӕ у Цхинвалы ӕнӕаивгӕ символтӕй сӕ иу.

Ног хабӕртты лентӕ
0