Хуссар Иры фыццаг хатт скъолайы къæсæрæй бахиздзысты 620 ахуырдзауы

© Sputnik / Ада БагианДень знаний в Южной Осетии
День знаний в Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ахуырады министр Гасситы Натали Sputnik йæ пресс-конференцийы радзырдта ахуырадон уагдæтты цæттæдзинадыл ног ахуры азмæ, фыццагкъласноты нымæц æмæ хъæуты ахуырадон уагдæтты тыххæй.

ЦХИНВАЛ, 25 авг — Sputnik. Хуссар Иры ацы аз фыццаг хатт скъолайы къæсæрæй бахиздзысты 620 сабийы, фехъусын кодта пресс-конференции рæстæджы Sputnik ахуырады министр Гасситы Натали.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, фыццагкъласонты нымæц гæнæн ис æмæ ноджы фæфылдæр уа, уымæн æмæ бирæтæ нырма неʻрæздæхтысты сæрдыгон улæфтытæй.

Занятие в Цхинвальскос многопрофильном колледже - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бирæпрофилон колледж адарддæр кодта документты райст сентябры астæумæ

Министр ма радзырдта, кæцыдæр ахуыргæнæндæтты кæй цæуынц цалцæггæнæн куыстытæ, фылдæр бæрцæй сты фæуыдхъус æмæ фыццæгæм сентябрмæ хъуамæ куыстытæ фæуой.

Гасситы Натали ма радзырдта хъæууон скъолаты ахуыргæнджыты хъуагдзинадыл. Хъæуты ахуырадон уагдæтты кусын кæй фæнды уыдон нымæц бирæ нæу, фæлæ уавæр хорзæрдæм ивы, ацы аз цалдæр æвзонг лæппу бахатыдысты хъæууон скъолатæм сæ снысан кæныны фæдыл.

Министрад разæнгард кæны фæсивæды ахæм тырнынад, фæлæ уымæ æнæкæсгæйæ сын сгары сæ ахуыры нысæнттæ.

"Ис нын проблемæтæ ахуыры гъæдимæ, уымæ гæсгæ мах æрмæст фæсивæды куыстæй сифтонг кæныны хæс неʻвæрæм нæ разы, фæлæ ма хъуамæ фидарæй ныфсджын уæм сæ зонындзинæдты дæр", — загъта Гасситы Натали.

Таймураз Габараев начальник отдела государственного пожарного надзора - Sputnik Хуссар Ирыстон
УУМ: скъолатæ æмæ сабидæттӕн сӕ фылдæр дзуапп нæ дæттынц ӕдасдзинады нормæтæн

Ахуырады министрад ма рекомендаци кæны хъæуы скъолаты кæцыдæр предметтæ цалдæр къласæн иумæ уадзын.

"Уый раст уынаффæ у, уымæн æмæ музыкæйы урокыл иу ахуыргæнинаг 40 минуты бæрц нæй гæнæн æмæ фæзара, æнгæс уавæр уыдзæн физкультурæйы уроктыл дæр. Цалдæр кълас та куы баиу кæной, уæд ахуырдзауты нымæц фæфылдæр уыдзæн æмæ ахуыр цæудзæн цымыдисондæрæй", — радзырдта ахуырады министр æмæ уыимæ иумæ банысан кодта, "ацы хъуддаг ахуыргæнджыты зæрдæтыл гæнæн ис æмæ ма сæмбæла, уымæн æмæ сæ мыздыл æндавы".

Ног хабӕртты лентӕ
0