Цхинвайлаг гарнизон цӕттӕ кӕны парадмӕ, фӕлӕ кӕм ацӕудзӕн, уый бӕрӕг нӕма у

© Sputnik / Ада Багиан25 лет независимости РЮО
25 лет независимости РЮО - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цхинвалы цӕттӕ кӕнынц Республикӕ Хусар Ирыстоныл 26 азы сӕххӕсты бон банысан кӕнынмӕ. Ӕфсӕддон парад – бӕрӕгбоны централон мадзал – ацӕудзӕн ног бынаты, столицӕйы централон фӕзуатыл арӕзтадон куыстытӕ кӕй цӕуы, уый аххосагӕн.

ЦХИНВАЛ, 12 сен — Sputnik. Цхинвайлаг гарнизоны дӕлхайадтӕ сӕхи цӕттӕ кӕнынц республикӕйыл 26 азы сӕххӕсты бонӕн нывонд парадмӕ, фӕлӕ бӕрӕгбоны сӕйраг мадзал кӕм ацӕудзӕн, уый бӕрӕг нӕма у, фехъусын кодтой Sputnik хъахъхъӕнынады министрады.

Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты ветеран парады - Sputnik Хуссар Ирыстон
Стыр Уӕлахизы цытӕн Хуссар Ирыстоны ауагъдӕуыд ӕфсӕддон парад

Ӕфсӕддон парад ацӕудзӕн Цхинвалы 20 сентябры ӕнӕ ‘фсӕддон техникӕйӕ 20 парадон дӕлхайад ӕмӕ тырысӕйон къордты хайадистӕй.

"Ӕфсӕддон парады хайад райсдзысты РХИ хъахъхъӕнынады министрады Цхинвайлаг гарнизоны дӕлхайадтӕ, уыдон нымӕцы сылгоймӕгтӕ-ӕфсӕддон службӕгӕнджытӕ, МХМ-ы, ПӔК-ы арӕнгӕрон службӕйы, УУМ-ы, Хуссар Ирыстоны уӕвӕг Уӕрӕсейы ӔФС-йы Арӕнгӕрон управленийы, УФ хъахъхъӕнынады министрады 4-ӕм ӕфсӕддон базӕйы дӕлхайадтӕ", — фехъусын кодтой хъахъхъӕнынады министрады.

Нырма бӕрӕг нӕу, кӕм ацӕудзӕн парад.

"Ӕфсӕддон парад ауадзыны бынат нырма бӕлвырд нӕу. Раздӕр ӕфсӕддон парадтӕ уагъд цыдысты Цхинвалы централон фӕзуатыл, цы ран ныртӕккӕ уагъд цӕуынц арӕзтадон куыстытӕ", — банысан кодтой пресс-службӕйы.

Уымӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ парадон дӕлхайадтӕ ӕрвылбон, фӕндзӕм сентябрӕй фӕстӕмӕ сӕхи цӕттӕ кӕнынц Уӕрӕсейы Федерацийы хъахъхъӕнынады министрады 4-ӕм ӕфсӕддон базӕйы плацыл ӕфсӕддон оркестры зӕлтӕм.

Ӕфсӕддон парадӕн къухдариуӕг кӕны РХИ хъахъхъӕнынады министрады хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг, инӕлар-лейтенант Гассеты Ибрагим ӕмӕ РХИ Гарзджын тыхты Генералон штабы сӕргълӕууӕджы хӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕххӕстгӕнӕг Виктор Федоров.

Амӕй размӕ, президентмӕ ӕмбырдыл паддзахады сӕргълӕууӕджы уынаффӕгӕнӕг Зассеты Жаннӕ фехъусын кодта, 20 сентябрьмӕ цӕттӕ кӕй цӕуы "иууыл стырдӕр парад нӕ республикӕйы историйы".

Ног хабӕртты лентӕ
0