Хуссар Ирыстон ӕмӕ Воронеж ныхъхъавыдысты ӕмгуыстадмӕ

© Тедеты АленаВоронежы областы делегаци
Воронежы областы делегаци - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Воронежы областы делегаци Цхинвалы фембӕлды рӕстӕджы Хуссар Ирыстоны президентимӕ ӕруынаффӕ кодта ӕмгуыстады фарстытыл.

ЦХИНВАЛ, 14 сен — Sputnik, Козаты Дианӕ. Хуссар Ирыстон ӕмӕ Воронежы областӕн ис фадат хъӕууон хӕдзарады къабазы ӕнтыстджын ӕмгуыстад срӕвдз кӕнын, загъта президент Тыбылты Леонид Воронежы областы делегациимӕ фембӕлды рӕстӕджы.

Уӕрӕсейаг регионы минӕвӕрттӕ, областон хицауады сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Елена Фадеевайы сӕргълӕудӕй ӕрцыдысты Цхинвалмӕ кусӕгон балцы.

"Хуссар Ирыстон цӕры сабыр цардӕй, цадӕггай размӕ цӕуы, Уӕрӕсеимӕ йӕ политикон ӕмӕ экономикон цард аразгӕйӕ. Мах сарӕзтам бирӕ бадзырдтӕ ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр къабӕзты ӕмӕ нӕ фӕнды уыдонӕн реалон мидис раттын ", — загъта президент фембӕлды рӕстӕджы.

Уый банысан кодта, Воронежы областӕн кӕй ис размӕцыды бӕрзонд фӕстиуджытӕ ӕмӕ равдыста ныфс, регион ӕмӕ Хусар Ирыстон дӕр кӕй срӕвдз кӕндзысты ӕнтыстджын ӕмгуыстад.

© Тедеты АленаВоронежы областы делегаци
Воронежы областы делегаци - Sputnik Хуссар Ирыстон
Воронежы областы делегаци

"Мах кӕддӕриддӕр уыдыстӕм аграрон бӕстӕ, фӕлӕ нын нырма хъӕууонхӕдзарадон къабазы раппӕлинаг ницӕмӕй ис. Фӕлӕ мах иу ран нӕ лӕууӕм ӕмӕ фӕлварӕм къахдзӕфтӕ аразын", — загъта Тыбылты Леонид.

Уый ӕрныхас кодта инвестицион проекттыл, кӕцытӕ республикӕйӕн бантыст среализаци кӕнын фӕстаг цалдӕр азы, ӕмӕ перспективон кондадтыл, кӕцытӕ ӕнтыстджынӕй куыстой хӕстагъоммӕ рӕстӕджы.

Фадеева загъта бузныг президентӕн ахъӕм хъарм фембӕлды тыххӕй ӕмӕ областы губернаторы номӕй президенты фӕхуыдта уазӕгуаты Воронежы областмӕ.

"Мах ӕрмӕст Хуссар Ирыстон бауарзынмӕ не ′рцыдыстӕм, фӕлӕ ма иумӕйаг архайды здӕхтытыл серьезонӕй бакусыны тыххӕй. Раздӕр, хицауады минӕвӕрттимӕ фембӕлдты рӕстӕджы мах банысан кодтам райдиан мадзӕлттӕ. Фӕнды нӕ ӕххуыс бакӕнын ӕрмӕст экономикон ӕмгуыстады нӕ, фӕлӕ ма федералон ӕмвӕзадыл программӕтӕ раразмӕ кӕныны хъуыддаджы дӕр",- банысан кодта уый.

Воронежы областы экономикон райрӕзты Департаменты къухдариуӕггӕнӕг Анатолий Букреев цыбыртӕй радзырдта, фӕстаг ӕхсӕз азы мидӕг сӕ къухты цы ӕнтыстытӕ бафтыд, ӕмӕ банысан кодта, ӕмбӕлон къухдариуӕгады системӕйы кӕй ис гӕнӕн бирӕ проблемӕтӕ аскъуыддзаг кӕнын.

"Мах срӕвдз кӕндзыстӕм ӕмгуыстад хъӕууонхӕдзарадон къабазы. Нӕ инвестортӕ ӕрцӕудзысты Хуссар Ирыстонмӕ. Бакусдзыстӕм фӕндагон картӕйыл ӕмӕ ныридӕгӕн сбӕлвырд кӕндзыстӕм конкретон мадзӕлттӕ", — загъта Букреев.

Уый ма бафтыдта, балцы фӕстиуджытимӕ кӕй ӕрцӕудзӕн зонгӕ областы губернатор ӕмӕ рахастӕуыдзӕн скъуыддзаг дарддӕры ӕмгуыстады ӕмӕ ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд бацӕттӕ кӕныны тыххӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0