Акци "Цард ӕнӕ эпилепсийӕ" уагъд цӕуы Хуссар Ирыстоны

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвальская соматическая больница
Цхинвальская соматическая больница - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕй эпилепи (суртыниз) диагноз ӕвӕрд кӕмӕн ис, уыдонӕн хӕрзаудӕн акци "Цард ӕнӕ эпилепсийӕ"-йы уылты фадат ис уӕрӕсейаг специалисттӕм басгӕрст рацӕуын республикон рынчындоны 6-9 октябры.

ЦХИНВАЛ, 5 окт — Sputnik. Бехтеревайы номыл адӕймаджы магъзы институты дохтыртӕ басгардзысты Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕй эпилепсийӕ рынчын чи у, уыдоны республикон рынчындоны Цхинвалы, радзырдта Sputnik ӕнӕниздзинад хъахъхънынады министры фыццаг хӕдивӕг Плиты Агуындӕ.

"Санкт-Петербурджы магъзы институты дохтыртӕй дыууӕйӕ — не ′мзӕххонтӕ Мамиты Эдуард ӕмӕ Виолеттӕ равдыстой хъӕппӕрис Хуссар Ирыстоны ауадзын хӕрзаудӕн акци "Цард ӕнӕ эпилепсийӕ". Мах цингӕйӕ райстам ацы ӕнхъарӕн. Эпилепсийӕ рынчынты райст ӕмӕ басгӕрст уагъд цӕудзӕн 6-9 октябры республикон рынчындоны неврологийы хайады", — загъта Плиты Агуындӕ.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, басгӕрсты бындурыл дохтыртӕ бӕлвырд кӕндзысты пациентты дарддӕры хоскӕнынад дӕр.

Психоневрологон диспансеры сӕйраг дохтыр Абайты Ревмирӕ Sputnik куыд радзырдта, афтӕмӕй пациенттӕ "рагфӕдзӕхст уыдысты уӕрӕсейаг специалистты ӕрцыды тыххӕй ӕмӕ рагацау сӕхи ныффыссын кодтой 20 адӕймаджы бӕрц".

Диспансеризаци - Sputnik Хуссар Ирыстон
Диспансеризаци рабæрæг кодта, цы низтæй тыхсынц цхинвайлæгтæ

Ӕдӕппӕт республикӕйы, йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, психоневрологон диспансеры хыгъдыл лӕууы 299 эпилепсийӕ рынчын ӕмбӕстаджы.

"Ацы нымӕцӕй 47 сты сывӕллӕттӕ. Цхинвалы нӕм регистраци ис 124 рынчыны, Цхинвалы районы — 52 адӕймаджы, Дзауы районы 31 ӕмӕ Ленингоры районы та 22 цӕрӕджы", — радзырдта диспансеры сӕйраг дохтыр.

Диспансеры хыгъдыл цы рынчынтӕ ис ӕвӕрд, уыдон ӕппынӕдзух ӕнӕаргъӕй ифтонг цӕуынц медикаменттӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0