Цхинвалы 2017 азы сцалцӕг кӕндзысты 12 уынджы

© Sputnik / Алексей КовалевДороги Цхинвала
Дороги Цхинвала - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
2017 азы цхинвалы сцалцӕг кӕндзысты 12 уынджы ӕмӕ иу фӕзуат. Уый нысанӕн рахицӕн ӕрцӕудзӕн 471 милуан сомы.

ЦХИНВАЛ, 10 окт — Sputnik, Козаты Дианӕ. Фидӕн аз Хуссар Ирыстоны столицӕйы сцалцӕг кӕндзысты 12 уынджы, афтӕ ма Фырсыгъдӕг Мадымайрӕмы аргъуаны раз фӕзуат, загътой Sputnik арӕзтады министрады пресс-службӕйы.

Дороги Цхинвала - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы централон уынгтыл бакӕндзысты иуварсон змӕлд

Инвестпрограммӕмӕ гӕсгӕ, 2016 азы горӕты хӕрзарӕзтад хъуамӕ ӕрцыдаиккой 11 уынджы, сӕ фылдӕр хайы куыстытӕ фесты, аннӕтыл дӕр куыст кӕронмӕ фӕхӕццӕ кӕны.

2016 азы Инвестпрограммӕйы фӕлгӕтты 11 уынджы хӕрзарӕзтадӕн рахицӕн ӕрцыд 260 милуан сомы, 240 милуан сомы та — арӕзтадон монтажӕн, кӕцымӕ хауынц газы, донвӕды ӕмӕ кабелон хызӕджы айгӕрдыны фӕдыл хӕрдзтӕ.

"Инвестпрограммӕмӕ гӕсгӕ 2017 азы 12 фӕндаг ӕмӕ Аргъуанон фӕзуаты арӕзтад ӕмӕ цалцӕгӕн рахицӕн ӕрцӕудзӕн 471 милуан сомы. Ацы суммӕ ӕрмӕст уынгтӕ асфальтӕй ӕмбӕрзын нӕ рагхыгъд кӕны, фӕлӕ ма фондз уынгыл зӕронд коммуникациты раивын дӕр", — загъта ведомствӕйы пресс-секретарь Тедеты Аленӕ.

Централон уынгтӕ иууылдӕр бахаудысты сӕндидзынӕны программӕйы раздӕры азтӕм, уымӕ гӕсгӕ иннӕ аз цалцӕг кӕндзысты афтӕ хуыйнӕг фӕрсагон уынгтӕ. Сӕ иу хай ис Цхинвалы, иннӕтӕ та горӕтгӕрон районты.

Маяковскийы уынг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ног асфальт зӕронд коммуникациты сӕр

Инвестпрограммӕмӕ цы уынгтӕ бахауд, уыдон сты — Герцены, Дзауы, Скъолайон, Фӕсивӕдон, Джиоты Дауыты, Колыты Аксойы, Кутузовы, Сомихӕгты, Калинины, Кировы. Ноджы ма дыууӕ уынджы — Калинины ӕмӕ Заводы — цалцӕг ӕрцӕудзысты иу хайӕ.

2014 азы Цхинвалы хæрзарæзт æрцыдысты 10 централон уынджы, ацы аз нывæзты ис куыстытæ авд уынгыл, сæ фылдæр ныридæгæн æмбæрзт æрцыдысты асфальтæй. Уымæй дарддæр ма ивгъуыд аз Мамсырайы фырты уынг арæзт æрцыд Цæгат Ирыстоны хицауады фæрæзтæй. Ацы аз ма ноджы иу уынг — Ирæтты уынг — арæзт цæуы фæстауæрцон фæрæзты фæрцы.

Ног хабӕртты лентӕ
0