Дзауы районы фондз хъæу ифтонг æрцыдысты нуазыны донæй

© Sputnik / Фатима Плиевавысокогорные сёла Дзауского района
высокогорные сёла Дзауского района - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Църу, Чъимас, Киров, Часавал æмæ Шушиты хъæуты цæрджытæ нал тыхсынц нуазыны доны цухдзинадӕй. Ныридæгæн та районы цæрæн-коммуналон хæдзарады кусджытæ сгарынц фæндаг Фæзы æмæ Чъимасы кувæндæттæм.

ЦХИНВАЛ, 10 окт — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Дзауы районы фондз дӕрддзӕф хъæуы ифтонг æрцыдысты нуазыны донæй, фехъусын кодта Sputnik районы администрацийы пресс-службӕйы.

Тæрккъæвдатæ фæластой Дзауы районы фæндæгтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тæрккъæвдатæ фæластой Дзауы районы фæндæгтæ

Църу, Чъимас, Киров, Часавал æмæ Шушитæ хъæуты цӕрджытӕ рагӕй фӕстӕмӕ тынг тыхстысты нуазыны доны цухдзинадӕй. Дон хастой дӕрддзӕф суадӕттӕй, уый та, уӕлдайдӕр зымӕгон рӕстӕг, тынг зынвадат кодта ацӕргӕ адӕмы цард.

"Районы цæрæн-коммуналон хæдзарады тыхтæй фондз хъæуы центрмӕ дӕр уагъд ӕрцыд дон. Ныр бынæттон цæрджытæн фадат ис дон сæ кæрттæм дæр бауадзын", — радзырдта администрацийы пресс-секретарь Тедеты Лиана.

Уымӕй дарддӕр ма, банысан кодта Тедион, ныридæгæн куыст цæуы районы кæцыдæр хъæутæм æмæ сыгъдæг бынæттæм фæндаг саразыныл дӕр.

"Уанеты хъæуы цæрджытæ бахатыдысты районы къухдариуæгадмæ, цæмæй хъæуы сыгъдæг бынæттæм цы фӕндӕгтӕ цӕуынц, уыдон уавæрмæ дӕр хъусдард аздахой. Ныридæгæн куыст цæуы Фæзыхъӕуы æмæ Чъимасы кувæндæттæм фæндаг саразыныл", — бафтыдта йæ ныхæстæм уый.

Ног хабӕртты лентӕ
0