Тыбылты Леонид схорзӕхджын кодта Эльбрусы бӕрзӕндыл кафты хайадисджыты

© Пресс-служба президента РЮОЛеонид Тибилов наградил солистку ансамбля танцев "Алания" Дину Бекоеву
Леонид Тибилов наградил солистку ансамбля танцев Алания Дину Бекоеву - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны президент сбуц кодта паддзахадон хорзӕхтӕй кафты мӕскуыйаг ансамбль "Алания"-йы солисткӕ Бекъойты Динӕ ӕмӕ дохтыр Къудзаты Хъазбеджы, кӕцытӕ сӕххӕст кодтой ирон кафт Эльбрусы бӕрзӕндыл РХИ-ы банымайыны бон.

ЦХИНВАЛ, 14 окт — Sputnik, Козаты Дианӕ. Хуссар Ирыстоны президент Тыбылты Леонид схуыдта уӕндон къахдзӕф Эльбрусы бӕрзӕндыл сӕххӕстгонд кафт, кӕцы сӕххӕст кодтой мӕскуыйаг ансамбль "Алания"-йы солисткӕ Бекъойты Динӕ ӕмӕ дохтыр Къудзойты Хъазбег. Президент сбуц кодта акцийы хайадисджыты паддзахадон хорзӕхтӕй, Бекъойты Динӕйӕн та лӕвӕрд ӕрцыд Хуссар Ирыстоны сгуыхт артисткӕйы ном.

Бекъойты Динӕ ӕмӕ Къудзойты Хъазбег 22 августы фӕлтӕрдджын альпинисттимӕ схызтысты Европӕйы иууыл бӕрзонддӕр цъупп — Эльбрусы хохмӕ ӕмӕ 5642 метры бӕрзондыл сӕххӕст кодтой ирон кафт "Хонгӕ".

© Пресс-служба президента РЮОТыбылты Леонид фембӕлд Эльбрусы бӕрзӕндыл кафты хайадисджытимӕ
Тыбылты Леонид фембӕлд Эльбрусы бӕрзӕндыл кафты хайадисджытимӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/2
Тыбылты Леонид фембӕлд Эльбрусы бӕрзӕндыл кафты хайадисджытимӕ
© Пресс-служба президента РЮОТыбылты Леонид фембӕлд Эльбрусы бӕрзӕндыл кафты хайадисджытимӕ
Тыбылты Леонид фембӕлд Эльбрусы бӕрзӕндыл кафты хайадисджытимӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/2
Тыбылты Леонид фембӕлд Эльбрусы бӕрзӕндыл кафты хайадисджытимӕ
1/2
Тыбылты Леонид фембӕлд Эльбрусы бӕрзӕндыл кафты хайадисджытимӕ
2/2
Тыбылты Леонид фембӕлд Эльбрусы бӕрзӕндыл кафты хайадисджытимӕ

Акци нывонд уыд Уӕрӕсейы ӕрдыгӕй Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад банымайыны бонмӕ.

"Уый у тынг ныфсхаст къахдзӕф та чызджы ӕрдыгӕй ӕмӕ уӕлдайдӕр та ахӕм бон, Хуссар Ирыстон куы нысан кодта ахӕм ахсджиаг бӕрӕгбон — Хӕдбардзинады бон. Махӕн ӕхсызгон уый у ӕмӕ кӕрӕдзийыл ӕрмӕст фыдохы бонты нӕ хъуыды кӕнӕм, фӕлӕ бӕрӕгбӕтты дӕр", — загъта президент.

Бекъойты Дина Эльбрусы хохы цъуппыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бекъойты Динӕ: чысылӕй фӕстӕмӕ бӕллыдтӕн Эльбрусы цъуппыл акафын

Уый банысан кодта, йӕхӕдӕг схызтмӕ цӕттӕ кӕй нӕу, фӕлӕ хорзыл нымайы ахӕм проекттӕ.

Уӕрӕсейаг альпинист, РЦИ-Аланийы альпинизмы федерацийы сӕргълӕууӕг Хӕмыцаты Хъазбег загъта президентӕн бузныджы ныхӕстӕ ахӕм хъарм райсты тыххӕй, ӕмӕ банысан кодта, Хуссар Ирыстон кӕдфӕндыдӕр кӕй нымадта йӕ дыккаг райгуырӕн бӕстӕйыл. Йӕ бӕрӕгбӕттӕ та йӕхи бӕрӕгбӕттыл.

"Не ′фсымӕрдзинад у ӕнустӕм. Ахӕм диссаг дӕр дунейы никуыма уыд — ирон кафт Европӕйы иууыл бӕрзонддӕр цъуппыл сӕххӕст кӕнын ", — загъта уый ӕмӕ балӕвар кодта президентӕн Эльбрусы бӕрзӕндыл ист зӕрдылдарынӕн къам.

Къудзойты Хъазбег радзырдта, куыд арӕзтой схызт.

Выступление солистки московского ансамбля танцев на вершине Эльбруса претендует на рекорд Гиннесса - Sputnik Хуссар Ирыстон
Европӕйы бӕрзонддӕр хохыл сӕххӕст кодтой ирон кафт

"Мах раразмӕ стӕм ӕхсӕвы ӕртӕйыл ӕмӕ сӕймӕрайсом уыдыстӕм бынаты. Уым арвыстам ӕртӕ сахатмӕ ӕввахс, систам ӕртӕ дублы ӕмӕ куыддӕр ӕрхызтыстӕм, афтӕ нӕм райдыдтой телефонӕй дзурын, мадзалы видео уӕрӕсейаг каналтӕм арвитыны куырдиатимӕ. Мах ӕрхызтыстӕм зындгонд адӕмӕй", — загъта Хъазбег.

Динӕ та загъта, йӕ бӕллиц кӕй у ноджы бӕрзонддӕр схизын, ӕцӕг нӕ раргом кодта, кӕдӕм.

Президент сбуц кодта акцийы хайадисджыты паддзахадон хорзӕхтӕй, Бекъойты Динӕйӕн та лӕвӕрд ӕрцыд Хуссар Ирыстоны сгуыхт артисткӕйы ном.

Схизджыты къорд ӕрсагъта хохы бӕрзӕндыл Цӕгат Ир, Кӕсӕг-Балхъар, Абхаз, Дзӕуджыхъӕу ӕмӕ Цхинвалы тырысатӕ. Акци уагъд ӕрцыд Хуссар Ирыстоны президент Тыбылты Леониды ӕххуыссӕй ӕмӕ уыд нывонд республикӕйы хӕдбардзинады бонӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0