Хуссар Ирыстоны самадтой Рекомы Уастырджийы кувæндон

© Хъуылымбегты Роберты архивӕйРекомы аргъуан
Рекомы аргъуан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ног аргъуан фæзынд Цхинвалы районы Хъларсы хъæуы. Арæзтад цыд хæрзаудæн фæрæзты рауаджы. Рекомы Сыгъдæг зӕдӕн бынӕттон цæрджытæ æмæ ацы хъæуæй рацæугæ адæм фæдзæхсынц сæхи бирæ æзты дæргъы, ныр ын сарӕзтой йӕхи кувӕндон дӕр.

ЦХИНВАЛ, 4 ноя — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны сарӕзтой Рекомы Уастырджийы кувӕндон, аргъуан арӕзт ӕрцыд Цхинвалы районы Хъларсы хъæуы бӕрзӕндыл.

Рекомы Сыгъдæг зӕдӕн бынӕттон цæрджытæ æмæ ацы хъæуæй рацæугæ адæм фæдзæхсынц сæхи бирæ æзты дæргъы, ныр ын фӕзынд йӕхи кувӕндон дӕр.

Традицимæ гæсгæ, Рекомы Уастырджи у ирæтты хæстон бардуаг. Йæ сæйраг кувæндон ис Цӕгат Иры, Цъӕйы комы. Рекомы кувæндонмæ мидæмæ сылгоймаг нæ хызт, ацы традици абоны онг дӕр хъахъхъæд æрцыд.

"Нæ фыдæлтæ XX æнусы райдайæны ралыгъдысты ардӕм Гудисы хъæуæй ӕмӕ, рагон æгъдаумæ гæсгæ, рахастой сæ аргъуаны дуртæй иу æмæ дзы бындур сарæзтой кувæндонæн. Мæхи куы базыдтон, уæдæй фæстæмæ ардæм цыдыстæм нæхи фæдзæхсынмæ. 2014 азы нӕм фæзынд хъуыды ацы бынаты кувæндон самайын, хъæуы хистæртæ дæр нӕ сразæнгард кодтой ӕмӕ ӕрывнӕлдтам арӕзтадмӕ", — радзырдта Sputnik арæзтады инициатор, Хъларсы хъӕуы цӕрӕг Хъуылымбегты Роберт.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Рекомы Кувæндон афтæ æвæрд у, æмæ Джеры дзуаримæ фæлгæсынц кæрæдзимæ. Аргъуан самадтой хæрзаудæн фæрæзты рауаджы.

"Фæрæзтæ фыццаг рады кæд æмбырд цыдысты Хъуылымбегты мыггаджы хсæн, уæд нæм стæй æрбамбал сты æндæр мыггӕгтæ дæр, кад Хуссар Ирыстонӕй нæ, фæлæ ма Цæгатӕй дæр. Сæрмагонд заказмæ гæсгæ сарæзтам дзæнгæрæг. Ис ыл Рекомы дзуары ныв æмæ латинаг дамгъæтæй йе ʻсцæттæйы даттæ. Ӕрцауындздзыстӕм ӕй бахизӕны, фыццаг дуры сæрмæ", — бафтыдта йæ ныхæстæм Роберт.

© Хъуылымбегты Роберты архивӕйРекомы аргъуаны дзӕнгӕрӕг
Рекомы аргъуаны дзӕнгӕрӕг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рекомы аргъуаны дзӕнгӕрӕг

Нарты кадджытæм гæсгæ, Хуыцау Батрадзы мардыл цы æртæ цæссыджы æрыппæрста, уыдонæй стӕй райгуырд Рекомы кувæндон Цъæйы комы, аннæ дыууæ та сты Мыкалгабыртæ æмæ Таранджелос.

Рекомы кувæндæттæ сты Цæгат Ирыстоны — Санибайы, Дзуарыхъæуы, Гуылæры, Зæрæмæджы. Хуссар Ирыстоны та — Ерманы, Едысы, Чеселты, Ходзы, Дзомагъы.

Ног хабӕртты лентӕ
0