УФ ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады делегаци бабӕрӕг кодта Цхинвалы рынчындон

© Sputnik / Мария Котаева Делегация Минздрава РФ в детской больнице в Южной Осетии
Делегация Минздрава РФ в детской больнице в Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕрӕсейаг ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады делегаци ӕрцыд Хуссар Ирыстонмӕ ӕмӕ азылд республикӕйы арӕзтцӕуӕг медицинон уагдӕттыл.

ЦХИНВАЛ, 10 ноя — Sputnik, Хъотайты Мария. Хуссар Ирыстоны столицӕйы сывӕллӕтты рынчындоны арӕзтад цӕуы гъӕдджынӕй ӕмӕ хорз темптӕй, загъта Уӕрӕсейы ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министры ӕххуысгӕнӕг Анатолийы Гулин, кӕцы ӕрцыд Цхивалмӕ кусӕгон балцы.

Уӕрӕсейаг ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады делегаци ӕрцыд Хуссар Ирыстонмӕ, цӕмӕй фена республикӕйы арӕзтцӕуӕг медицинон уагдӕттӕ ӕмӕ хуссарирыстойнаг коллегӕтимӕ ӕруынаффӕ кӕна ӕнӕниздзинад хъахъхъӕныны къабазы модернизацийы программӕйыл.

Ӕртыццӕджы Гулин бабӕрӕг кодта сывӕллӕтты рынчындоны арӕзтад ӕмӕ сарӕзта рекомендацитӕ уый нырыккон ифтонггарзӕй сифтонг кӕнын ӕмӕ срӕвдз кӕныны фӕдыл.

"Ацы ифттонгарз у уӕрӕсейаг, у тынг хорз. Кӕд дзы исты фехӕла, уӕд ӕрбахонӕн уыдзӕн уӕрӕсейаг специалисттӕн, цы нӕй зӕгъӕн фӕсарӕйнаг аппаратурӕйы тыххӕй. Фӕлӕ ацы (рентгенон) аппарат хъӕуы баххӕст кӕнын цифрон аппаратурӕйӕ, цӕмӕй уа дистанцион бастдзинад уӕрӕсейаг коллегӕтимӕ. Рагон фотолабараторитӕ ам нал хъӕуы ӕвӕрын", — загъта Гулин.

Рынчындоны арӕзтад кӕронмӕ бахӕццӕ — баззад ма систӕ сахорын ӕмӕ палатӕтӕ схӕрзарӕзт кӕнын. 

Уагдоны ис хосгӕнӕн басейн ӕмӕ спортивон зал. Гулин бахаста фӕнд, цӕмӕй бассейн ифтонг ӕрцӕуа ахӕм фӕрӕзӕй, цӕмӕй цы сывӕллӕттӕй сӕхицӕн сӕ бон кӕмӕн нӕу донмӕ хизын, уыдонӕн уа ахӕм фадат.

Республиканская соматическая больница в Цхинвале - Sputnik Хуссар Ирыстон
УФ Хъахъхъӕнынады министрад бабӕрӕг кӕндзӕн Хуссар Иры медицинон уагдӕттӕ

Уӕрӕсейаг министры хӕдивӕг ма радта рекомендаци куыстмӕ квалификацион персонал райсыны тыххӕй, цӕмӕй хъахъхъӕд цӕуой санитарон домӕнтӕ цады, афтӕ ма ӕмӕ инструкторы, кӕцы иудадзыг уыдзӕн сывӕллӕттимӕ доны.

Рынчындон рагхыгъд кӕны ахӕм хайӕдтӕ, куыд — терапи, реанимаци, хирурги, поликлиникӕ, дыууӕ операцион блокы, диагностикон бокс ӕмӕ нарӕг специалистты кабинеттӕ. Радгӕсон медицинон хойы пост хӕрзифтонг уыдзӕн монитортӕй, кӕцыйыл ӕвдыст цӕудзӕн палатӕтӕй нывтӕ. Уымӕй дарддӕр ма, алы палатӕйы дӕр уыдзӕн радгӕсон медицинон хомӕ фӕдзурыны кнопкӕ.
Нардуатисӕгимӕ ныхасы рӕстӕджы, Гулин банысан кодта, кӕй нӕ хъӕуы тагъд кӕнын аразджыты объект эксплуатацимӕ раттыны ӕмгъуыды фӕдыл.

"Куыд тагъддӕрӕй нӕ нӕ хъӕуынц куыстытӕ. Кусджыты тагъд кӕнын нӕ хъӕуы, фӕлӕ хъӕуы аразын акцент кустыты гъӕдыл", — загъта уый.

Министры ӕххуысгӕнӕг райгондӕй баззад кустыты темптӕй ӕмӕ арӕзтадон куыстыты гъӕдӕй. Аразджытӕ йын бавӕрдтой ныфс, цы рекомендацитӕ радта, уыдон реализаци кӕнынӕн дыууӕ къуырийӕ фылдӕр кӕй нӕ бахъӕудзӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0