Сенатор: ирон фидауынгæнджыты статус сфидар кæныны хъуыддаг фӕкъуыхцы

© Sputnik / РИА Новости /  Ахизын медиабанкмæОсетинские миротворцы из состава ССПМ
Осетинские миротворцы из состава ССПМ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уымæ æнæкæсгæйæ, Тотоонты Александры ныхæстæм гæсгæ, Федерацийы совет йæхицæй нæ исы бæрндзинад æмæ уæлæмхасæй бакусдзæн ацы фарстыл.

ЦХИНВАЛ, 13 дек — Sputnik. Объективон уавæртæ нырма фадат нæ дæттынц кæронмæ сбæлвырд кæнын хуссарирыстойнаг ӕмбӕстӕгты барадон статус, кæцытæ службæ кодтой Уæрæсейы Фидауынгӕнӕн тыхты цæгатирыстойнаг батальоны. Уый тыххæй Хуссар Ирыстоны парламент æмæ Уæрæсейы Федерацийы Советы хсӕн æмгуыстады фæдыл къамисы рабадты рæстæджы фехъусын кодта Федсоветы æхсæнадæмон хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдары хæдивæг Тотоонты Александр.

Заседание комиссии по сотрудничеству Совета Федерации и парламента Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Совфед ныфс дæтты ӕххуысӕй Хуссар Иры президентон æвзæрстыты рæстæджы

1992 азы гуырдзиаг-ирон хъаугъайы зонæмæ конд æрцыдысты æмхæццæ фидауынгæнæг тыхтæ, уæд Хуссар Ирыстоны цæрджытæй бирæтæ бацыдысты цæгатирыстойнаг батальоны скондмæ. Фæлæ, цавӕрдӕр аххосӕгтӕм гӕсгӕ, уыдонӕн фидауынгæнæг тыхты сӕ службæ нымад не ʻрцыд.

"Федерацийы Советы сæрдар Валентина Матвиенкойы хæслæвæрдмæ гæсгæ арæзт æрцыд къорд, кæцы кусы раздæры æфсæддонты барадон статус сбæлвырд кæныныл. Йе ʻскондмæ бацыдысты Федсоветы хъахъхъæнынад æмæ æдасдзинад, социалон политикæ, бюджет æмæ æхсæнадæмон хъуыддæгты фæдыл комитетты уæнгтæ", — æрхаста Тотоонты Александры ныхæстæ Федералон æмбырды РЦИ-А минӕвӕртты информацион ресурс.

Сенаторы ныхæстæм гæсгæ, объективон уавæртæ къуыхцы кæнынц ацы фарст аскъуыддзаг кæныны хъуыддаг, фæлæ, уымæ æнӕкæсгæйæ, Федерацийы Советы дарддæр фæнд кæнынц бакусын æмæ сæххæст кæнын сæхимæ райсгӕ бæрндзинад.

Амæй размæ ма Тотоонты Александр фехъусын кодта, "фарст раст æвæрд кæй у æмæ уый бæрц бирæ адæмыл цы проблема æндавы, уый хъуамæ скъуыддзаг ӕрцæуа, фæлæ барадон цæлхдуртæ фадат нæ дæттынц ссарын иууыл хуыздæр фæндаг".

Федсовет сратификаци кодта æфсæддонтӕн медицинон æххуыс бакæныны бадзырд РХИ-имæ

Хуссар Ирыстоны парламент ивгъуыд аз бахаста ивындзинæдтæ пенсион ифтонгады фæдыл законмæ, кæцытæ бар дæттынц хуссарирыстойнаг æфсæддонтæй фидауынгæнæг тыхты чи сужбæ кодта, уыдонæн сæ куысты æмгъуыд банымайынæн.

Баххæстгæнинæгтæм гæсгæ, сæ куысты æмгъуыд хынцыд æрцæудзæн пенсимæ ацæуыны рæстæджы. Законы бæлвырд у, раздæры æфсæддонтæн æмæ фидауынгæнджытæн пенси бафидыны бæрндзинад кӕй хауы РХИ Хъахъхъæнынады министрадмæ.

Гуырдзиаг-ирон хъаугъайы зонæмӕ æртæварсон фидауынгæнæг тыхтæ æрбакодтой 1992 азы. Уыдон ам службæ кодтой 2008 азы онг. Хæсты фæстæ Фидауынгæнæг тыхты сæр нал хъуыд æмæ сæ ссӕрибар кодтой.

Ног хабӕртты лентӕ
0