Абайты Уасойы музей кӕй не сцӕттӕ, уый ныр та фӕцис боныгъӕды аххос

© Sputnik / Ада БагианНезавершенное строительство дома-музея Васо Абаева
Незавершенное строительство дома-музея Васо Абаева - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сентябры президент бахæс кодта культурæйы министрадæн лӕмбынӕг бакусын фарстыл, цæмæй Уасойы райгуырæн бонмæ – 15 декабрьмӕ сцæттæ уа музейы бæстыхай. Президенты хæслæвæрд афоныл цæмæннæ сæххæст кодтой, уый фæдыл Sputnik министрады бæстон дзуапп нæ райста.

ЦХИНВАЛ, 16 дек — Sputnik. Фӕстаг дыууӕ азы Абайты Уасойы хæдзар-музейы эксплуатацимӕ раттыны датӕтӕ нысан ӕрцыдысты цыппар хатты, фӕлӕ бӕстыхай нырма дӕр лӕууы ӕрдӕгарӕзтӕй.

Sputnik иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ фыста ацы музейы гæныстон уавæрыл. Хицӕн ӕмӕ хицӕн бӕрнон чиновниктӕ ныфс ӕвӕрдтой, йӕ арӕзтад кӕй бахӕццӕ уыдзӕн кӕронмӕ "ӕввахс рӕстӕджы". Фӕстаг хатт арӕзтадон куыстыты фӕуды ӕмгъуыд нысан ӕрцыд зынгӕ академикы райгуырӕн бонмӕ — 15 декабрьмӕ. Уый дӕр та знон фӕцис, ахуыргонды музейы саразынӕй ныфс раттын æмæ йæ æмгъуыдмæ ма сæххæст кæнын та ссис традици.

Дом-музей Васо Абаева до войны 2008 года - Sputnik Хуссар Ирыстон
Президент йӕ фондӕй рахицӕн кӕндзӕн фӕрӕзтӕ Абайты Уасойы музейы арӕзтадӕн

2016 азы сентябры Хуссар Ирыстоны сӕргълӕууӕг Тыбылты Леонид хицауады уӕнгтимӕ ӕмбырды ныфс радта президентон фондӕй фӕрӕзтӕ рахицӕн кӕнын номдзыд ирон ахуыргонд Абайты Уасойы хæдзар-музейы арæзтад кӕронмӕ бакӕныны нысанæн. Уæд президент бахæс кодта культурæйы министрадæн ацы фарст лæмбынæгæй сахуыр кæнын, цæмæй Уасойы райгуырæн бонмæ сцæттæ уа бæстыхай. Республикæйы президенты хæслæвæрд афоныл цæмæннæ сæххæст кодтой, уый фæдыл Sputnik культурæйы министрады бæстон дзуапп нæ райста.

Президенты пресс-службæйы та Sputnik загътой, музейы арæзтады нысанæн хицæн кӕй æрцыдысты финансон фæрæзтæ æмæ куыстытӕм бавналдзысты, куыддæр боныгъæд фадат радта, афтӕ.

"Ныридӕгӕн цæттæ ʻрцыд проектон-сметæйон документаци бæстыхайы арæзтад фæуыны тыххæй. Президентон фондæй хицæн æрцыдысты æппæт æнæмæнгхъæуæг финансон фæрæзтæ, куыддæр арæзтадон сезон райдайа, афтæ бавналдзысты куыстытӕм", — загътой пресс-службæйы.

Уӕдӕ та гениалон ахуыргонды зонадон бынтæн табугæнджытæ æмæ музейы кусджытæ æнхъæлмæ кæсынц ног æмгъуыдмæ.

Цхинвалы центры, ныридæгæн зындгонд ахуыргонды ном цы уынг хæссы, уым, йæ стыр лæггæдтæ ирзонады раз хынцгæйæ, Абайты Уасойæн схæлар кодтой хæдзар. Академикы амæлæты фæстæ хæдзар рацæрæзтой музеймæ. 2008 азы августы, гуырдзиаг агрессийы фӕстиуӕгӕн, музей фестад фæнык.

Абайты Уасойы музей 2008 азы бацис Гуырдзыйы агрессийы амӕттаг. - Sputnik Хуссар Ирыстон
Абайты Уасойы музейы арӕзтадӕн нал ӕнтысы кӕронмӕ бахӕццӕ кӕнын

2014 азы бӕстыхай аразынмӕ фыццаг бавнӕлдта татарстайнаг арӕзтадон фирмӕ "Эверест" — уый объект арӕзта Хуссар Ирыстонӕн лӕвары хуызы. Фирмæйæн йæ куысты гуырахст Хуссар Иры куы фæкъаддæр, уæд аразджытӕ ныфсӕвӕрӕн ныхӕстимӕ ӕрбайсӕфтысты, музейы арӕзтад ныннымӕг.

Музей арæзтады дыккаг этап райдыта 2015 азы. Объект сцæттæ кæныны ныфс дæттой, арӕнгӕрон хӕдзӕртты арӕзтадыл цы финансон фӕрӕзтӕ дих ӕрцыд, уыдон фӕстауӕрцӕй. Фæлæ та ам дæр хъуыддаг ныфсытæй дарддæр нæ ацыд.

Абайты Уасо райгуырд 1900 азы 15 декабры. Ис ын бирӕнымӕц бындурон куыстытӕ. Дунейы иууыл тынгдӕр йӕ ном айхъуыст, куыд ирон ӕвзаджы историкон-этимологон дзырдуаты автор, цы ран уый сахуыр кодта ирон дзырдты ратӕдзӕнтӕ, раиртӕста ирон ӕвзаджы бастдзинӕдтӕ ирайнаг ӕмӕ индоевропейаг ӕвзӕгтимӕ. Ирыстоны зонады иууыл ирддӕр минӕвары ном хӕссынц уынгтӕ Цхинвалы ӕмӕ Дзӕуджыхъӕуы, ацы дыууӕ горӕты йын ӕвӕрд ис цыртытӕ дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0