Прокуратурӕ бакодта уголовон хъуыддаг ОМОНы кусӕджы ныхмӕ

© Sputnik / Алексей КовалевПрокуратура
Прокуратура - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цхинвалы горӕты прокуратурӕ бакодта уголовон хъуыддаг ОМОНы кусӕг Дочийы фырты ныхмӕ скъоладзауы ӕнӕниздзинадӕн чысыл зиан бакӕныны факты фӕдыл.

ЦХИНВАЛ, 10 янв — Sputnik. Цхинвалы горӕттаг прокуратурӕ бакодта уголовон хъуыддаг 115 статьямӕ гӕсгӕ (УФ УК) ОМОНы кусӕджы ныхмӕ, фехъусын кодтой Sputnik прокуратурӕйы.

Сотрудники ОМОН - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тыбылты Леонид: ОМОНы кусджытæ кӕдфӕндыдӕр хъуамæ уой фæзминаг

"Скъоладзауы ӕнӕниздзинадӕн чысыл зиан бакӕныны факты фӕдыл Цхинвалы горӕты прокуратурӕ бакодта уголовон хъуыддаг ОМОН-ы кусӕг Дочийы фырты ныхмӕ. Прокуратурӕ райста тӕрхондонон-медицинон эксперты хатдзӕгтӕ. Махмӕ ма ис, ОМОН-ы кусӕг ӕмӕ скъоладзауты ӕхсӕн хыл цы рестораны ӕрцыд, уый цӕстдарӕн камерӕты видеоӕрмӕджытӕ. Ныртӕккӕ уагъд цӕуынц слестгӕнӕн мадзӕлттӕ. Ӕрмӕджытимӕ цӕуы лӕмбынӕг куыст", — загъта горӕты прокуроры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Джиоты Эдвард.

Уый ма бафтыдта, ОМОН-ы кусӕг ныры онг дӕр кӕй ӕххӕст кӕны йӕ кусӕгон хӕстӕ, фӕлӕ ис гӕнӕн ӕмӕ прокуратурӕ бахата, цӕмӕй Дочийы фырты рӕстӕгмӕ аиуварс кӕной йӕ куыстӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0