Хуссар Ирыстоны зонад банысан кодта йӕ 95 азы юбилей

© Sputnik / Ада БагианДни Иуане Агъуызаты
Дни Иуане Агъуызаты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕртыццæджы Хуссар Ирыстоны нысан кӕнынц Зонады бон - 95 азы размæ бындур æвæрд æрцыд Зонадон-Иртасæн институтæн.

ЦХИНВАЛ, 1 фев — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Зонады бон банысан кодтой конференцийӕ, æвзонг ахуыргæндтæ æруынаффæ кодтой ирон æвзаджы ратæдзæнтыл, афтӕ ма Хуссар Ирыстоны паддзахад сфидар кæныны æмæ экономикон райрæзты фæдæттыл, хъусын кæны Sputnik уацхæссæг.

Ӕртыццæджы Хуссар Ирыстоны нысан кæнынц Зонады бон — 95 азы размæ 1 февралы бындур æвæрд æрцыд Зонадон-Иртасæн институтæн. Ацы бӕрӕгбон фидар ӕрцыд 2014 азы республикӕйы президент Тыбылты Леониды барамындӕй.

"Ӕртæ азы дæргъы нысан кæнæм ацы бæрæгбон. Датӕ 1 февраль æнæнхъæлæджы æвзæрст нæу, ацы бон 1922 азы бындур æвæрд æрцыд Хуссар Ирыстоны Зонадон-Иртасæн институтæн. Ацы аз махӕн дӕр ӕмӕ Паддзахадон университетӕн дӕр у юбилейон", — радзырдта институты директор Гаглойты Роберт.

Конференцийы рӕстӕджы ӕвзонг ахуыргӕндтӕ бакастысты докладтӕ. ЗИИ ног историйы хайады хистӕр зонадон кусӕг Плиты Сослан ӕрдзырдта Хуссар Ирыстоны паддзахаддзинады бындурӕвӕрдыл ӕмӕ ӕвзонг республикӕйӕн уӕдӕй абоны онг цытӕ бантыст, уыдоныл.

Регионы России. Республика Северная Осетия - Алания - Sputnik Хуссар Ирыстон
Зонадон конференцийы ауагътой параллелтӕ Уастырджи æмæ Сыгъдæг Джиуæрджийы хсӕн

Экономикӕйы хайады зонадон кусӕг Дзабиты Вячеслав та йæ раныхасы ранымадта Хуссар Ирыстоны экономикон райрæзты иууыл хуыздæр фадæттæ. Уый банысан кодта, социалон-экономикон райрӕзты тыххӕй республикӕ фыццаджыдӕр кӕй хъуамæ æнцой æмæ пайда кæна йæ стратегион бынатæй.

"Уымӕй дарддӕр мах хъӕуы архайын туризмы размæцыдыл, Хуссар Ирыстонæн бренд ӕмӕ зæрдæмæдзæугæ репутаци саразыныл, бынæттон хомæгы бындурыл рауагъдад саразын æмæ афтæ дарддæр", — радзырдта Дзабиты Вячеслав.

ЗИИ ирон æвзаджы хайады æвзонг кусджытæ Тъехты Алена, Дзассохты Лана æмæ Дыгъуызты Зӕлинӕ бакастысты докладтæ мадӕлон æвзаджы æндæр æмæ ӕндæр темæтыл. Ацы ӕвзонг фæсивæд иууылдӕр сты зонадон къæпхæнтæ райсыны фæндагыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0