Хуссар Иры ФХМ: Днестргӕронимӕ ног бадзырд хаст ӕрцӕудзӕн парламентмӕ

© Sputnik / Наталья АйриянПарламент Южная Осетия
Парламент Южная Осетия - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны ӕддагполитикон ведомствӕ ӕввахс рӕстӕджы парламентмӕ ратификацимӕ бахӕсдзӕн Днестргӕронимӕ хӕларад ӕмӕ ӕмгуыстады фӕдыл ног бадзырд.

ЦХИНВАЛ, 2 фев — Sputnik. Хуссар Ирыстоны ФХМ-ы сӕргълӕууӕг Джиоты Мурӕт ӕмӕ Днестргӕроны официалон минӕвар республикӕйы Кацты Егор ӕруынаффӕ кодтой дыууӕварсон ахастыты райрӕзтыл, хъусын кӕны дипломатон уагдоны пресс-службӕ.

Джиоты Мурӕт цыппӕрӕмы йӕхимӕ райста Днестргӕрон Молдаваг Республикӕйы официалон минӕвары Хуссар Иры Коцты Егоры.

Глава официального представительства ПМР в РЮО Егор Кочиев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Коцты Егор: ДМР ног президентимæ райтынг кæндзæн хæларад Хуссар Иримæ

"Ныхасы рӕстӕджы уынаффӕ цыд хуссарирыстойнаг-днесргӕройнаг ахастыты размӕцыды фарстытыл. Дыууӕ бӕстӕты ӕхсӕн бастдзинӕдтӕ фӕуӕрӕхдӕр кӕныны фӕдыл ахсджиаг къахдзӕфыл нымад ӕрцыд ДМР-ы Уӕлдӕр Советы ӕрдыгӕй республикӕты ӕхсӕн хӕларад, ӕмгуыстад ӕмӕ партнерады ратификаци, кӕцы бафыст ӕрцыд Цхинвалы 2016 азы", — загътой ФХМ-ы.

Ведомствӕйы банысан кодтой, ӕввахс рӕстӕджы бадзырд рахаст кӕй ӕрцӕудзӕн ратификаци кӕнынмӕ парламенты дӕр.

ДМР æмæ РХИ хсæн дипломатон ахастытæ фидар æрцыдысты 1994 азы, уӕд ма бафыст ӕрцыд хӕларад ӕмӕ ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд. 2016 азы та дыууæ бæстæйы премьер-министртæ Цхинвалы бафыстой ранæуæггонд бадзырд хæларад æмæ æмгуыстады фӕдыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0