Хуссар Иры сӕрмагонд программӕйы фӕлгӕтты скуынӕг кодтой 200 тӕссаг сырдæй фылдæр

© Дмитрий ТасоевЦуанон
Цуанон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цуанонтӕ ӕмӕ егерьтӕ арӕхдӕр марынц бирӕгътӕ, хъӕддаг куыйтӕ ӕмӕ куыдзгъуыз бирӕгъты. 2015-2017 ӕзты комплексон нысанмӕздӕхт программӕ гæсгæ, тугдзых сырд амарæгæн лæвæрд цæуынц æхцайы премитæ.

ЦХИНВАЛ, 7 фев — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны цуанонтæ æмæ егерьтӕ комплексон нысанмӕздӕхт программӕйы фӕлгӕтты скуынӕг кодтой 200 тугдзых сырдæй фылдæр, фехъусын кодта Sputnik геологи, экологи ӕмӕ ӕрдзӕй пайда кӕныны комитеты минӕвар Гӕззаты Юрий.

Хуссар Иры бирæнымæц тугдзых сырдтæ зымӕгон рӕстӕг хъæдты хæрдыл куыннæуал хæст кæныц, уæд лæбурын райдайынц хæдзарон фосмæ, хатгай адæммæ дæр. Стæй ма сырдтæ сты тæссаг низты парахатгæнджытæ дӕр. Уыдæттæ хынцгæйæ, 2015 азы фидар ӕрцыд комплексон нысанмӕздӕхт программӕ.

"Программӕйы фæлгæтты цы тугдзых сырдты скуынӕг кодтой, уыдон нымӕц ахызт 200-йæ. Программӕ æххæст цæудзæн ацы азы кæронмæ", — радзырдта Гӕззаты Юрий.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, цуанонтӕ ӕмӕ егерьтӕ арӕхдӕр марынц бирӕгътӕ, хъӕддаг куыйтӕ ӕмӕ куыдзгъуыз бирӕгъты.

Знауыры районы цӕрӕг тыххӕй фервӕзт бирӕгъты балӕй

Ивгъуыд къуырийы кæрон та Знауыры районы Хæрисджыны хъæуы хъорнисаг цуанон амардта ӕнахуыр стыр бирæгъ — тугдзых сырд тезгъо кодта хъæуы астæу. Уымӕй цалдӕр боны фæстæ та уыцы цуанон ацы хъæумæ хæстæг амардта хъӕддаг куыдз.

Ахӕм цуанонтӕн геологи, экологи ӕмӕ ӕрдзӕй пайда кӕныны комитет фиды ӕхцайы премитӕ 1-2 мин сомы бæрц. Ӕдӕппӕт программӕйы фӕлгӕтты цуанонтӕн бафыстӕуыд 220 мин сомæй фылдæр. Гӕззаты Юрий банысан кодта, ныридӕгӕн комитет кӕй сарӕзта ӕнхъарӕн хицауадмӕ, цӕмӕй тӕссаг сырдты амарыны тыххæй разæнгардгæнæн фиддонтæ фæфылдæр кæной.

Тӕссаг сырдты куынӕг кӕныны фӕдыл комплексон нысанмӕздӕхт программӕ фыццаг хатт фидар ӕрцыд хицауады уынаффӕмӕ гӕсгӕ 2015 азы. Йӕ саразыны хъуыды раразмӕ кодтой республикӕйы санитарон службӕтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0